Чызджыты уæздан кафтæй рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ “Æгас цу” загътой уазджытæн. Ацы цаумæ дыууæ азæй фылдæр æнхъæлмæ кастысты æппæт бынæттон цæрджытæ дæр. Абон цы уавæртæ æмæ ног гæнæнтæ федтой, уыдон сæ дисы бафтыдтой. Уæлдай цин кодтой сабитæ, æмæ куыд нæ. Хорз хъуыды кæнынц раздæры рæвдауæндон.
Рæсугъдæй уæлдай, ам алцыдæр арæзт у хæрзхъæд æрмæгæй. Бæстыхай — дыууæуæладзыгон, фыццаджы — административон агъуыстытæ, гæрзтæхсæн æмæ итувæрæнтæ, уыимæ нырыккон хæринаггæнæн бынат æппæт хъæугæ техникæ æмæ кусæнгæрзтимæ. Ис дзы нырыккон пецтæ, дзидзассæнтæ æмæ æндæр алыхуызон мигæнæнтæ.
Æрбахизæны ис дыууæ лифты, уыдонæй иу — уæзласæн. Лæмбынæг ахъуыды кодтой хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн уавæртыл дæр. Дыккæгæм уæладзыджы æртæ егъау агъуысты 60 сывæллонæн.
Чысыл фалдæр сывæллæттæн иумæйаг ахуырадон агъуыст зонадон æмæ сфæлдыстадон ахуыртæн. Къултæ ахуырст сты ирд æмæ уыцы иу рæстæг сывæллонæн æхсызгон хуызтæй. Æмæ афтæ арæзт у алы лыстæгдзинад дæр. Ног рæвдауæндонæн стыр аргъ скодтой ныййарджытæ. Дзырдæн, арæзтадон куыстыты рæстæг æййæфтой къуылымпыдзинæдтæ. Æрвылбон сабиты сыхаг хъæуты рæвдауæндæттæм ласыны фадат алкæмæн нæ уыд.
Раздæры рæвдауæндонæн бындур сæвæрдтой 60-æм азты, колхозы хъæппæрисæй. Бæстыхай раст арæзт кæй не ‘рцыд, уымæ гæсгæ æппынæдзух йæ къултæ фастысты, фæстаг рæстæг та, уæвгæ дæр, æлхъывдады аххосæй дуæрттæ нал гом кодтой. Цалцæггæнæн куыстытæй пайда ницыуал уыд — рæвдауæндон бахъуыд халын.
Базылдысты рæвдауæндоны алфамбылаймæ дæр. Æппæт куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты Хъæууонхæдзарадон министрады программæмæ гæсгæ. Ныридæгæн бæстыхайы æххæст кæнынц фæстаг цæттæгæнæн мадзæлттæ.
















