«Сад памяти», зæгъгæ, æппæтадæмон акци райдыдта Уæрæсейы. Бæлæсты милуан талайы æрвылаз ныссадзынц, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй чи нал сыздæхт, уыдоны номыл. Акцийы бацархайын у алкæй бон дæр. Цæгат Ирыстоны эстафетæ фыццаг райста Зæронд Бæтæхъойыхъæуы хъæды фонд.
Зæронд Бæтæхъойыхъæуы хъæды фонд фыццаг у, республикæйы ацы ахсджиаг хъуыддаг чи аддарддæр кæндзæн, уыдоны ’хсæн. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæхъуыд, уыдоны номыл сагъд æрцыд æхсæры 2000 талайы. Царды нысан æмæ фæлтæрты бастдзинад. Ирыстоны нымад бынæттæй иуы фæзындзæн «Сад памяти»-йы милуанæм бæлас. Зæронд Бæтæхъойыхъæу у иунæг, Советон Цæдисы æртæ хъæбатыры кæцæй рацыд: Плиты Иссæ, Ходы Константин, Бзарты Георгий. Уыдон хсарджынæй хъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх знæгтæй. Ацы хъæуæй хæстмæ ацыд 250 адæймаджы, 137 дзы нал сыздæхтысты. Бæлæстæ садзынц бархионтæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ. Уыдон хæсты тыххæй зоынынц чингуытæй. Кæмæндæр та сæ хистæртæ сты ветерантæ. Акцийы архайджыты ‘хсæн Æгкацаты Аланæ дæр. Æрбацыд йæ фыртимæ. Йæ дадайæн кад скæнынмæ.
Егъау акци куыд фарон, афтæ ацы аз дæр райдыдта Хъырымы, уый фæстæ Кубаны, æмæ ныр — Кавказы. Ирыстон эстафетæ алæвæрдта Адыгейæ æмæ Хъæрæсе-Черкессимæ. Æмæ афтæ бæстæйы алы регионы дæр. 22-æм июнмæ ныссадздзысты 27 милуан талайы. Уый хорз фадат у истори хуыздæр базонынæн.
Бархионты æмрæнхъ æрлæууыд республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министр. Фæсивæдмæ фæкаст. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй «Сад памяти», зæгъæ, фæзындзысты алы горæт æмæ регионы. Акци ныридæгæн аххæсыд канд Уæрæсейыл нæ, фæлæ ма нæ сыхæгтыл дæр. Уый ты уый тыххæй, æмæ уыцы уæлахизæн рох кæнæн нæй.
Зæронд Бæтæхъойыхъæуы аст азмæ фæзындзæн æнæхъæн хъæд. Уый бæрц рæстæг хъæуы, цæмæй талатæй рауайа бæлæстæ. Ацы ахсджиаг хъуыддаг фæсивæды зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, æмæ ма мадзалы кæронбæттæны «Катюша» зарæг дæр акодтой.
Сабæлут, акъаци, тулдз бæлас æмæ æнæмæнг «уæлахизы» сирен садзынц 2020-æм азæй. Ацы аз акци арæзт æрцыд æртыккаг хатт. Рауад ноджы егъаудæр.
Уазиты Зæлинæ
















