Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны фæдыл референдумы бон нысангонд æрцæудзæн республикæйы мидæггаг барадон процедурæтæ сæххæсты фæстæ. Уый тыххæй Бибылты Анатолий фехъусын кодта референдумы хъæппæрисджын къордимæ фембæлды рæстæг.
Уыимæ ма Хуссар Ирыстоны раздæры президенттæ иууылдæр фæсидтысты иудзинады референдумы хъуыддаг саразынмæ. Сæрмагонд æмбырды архайы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Уый мадзалы райдиан фæсидт йæ архайджытæм.
















