Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы уыд медицинон къабазы бархионты форум. Мадзалы архайдтой бархионтæ, регионалон хайадтæм цæстдарджытæ æмæ Цæгат Кавказы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадты минæвæрттæ. Форумы арæзт æрцыдысты алыхуызон тренингтæ, хъæзтытæ, раззагдæр федералон эксперттимæ фембæлдтытæ æмæ дæсныйад фылдæргæнæн ахуыртæ. Æхсæнадон змæлд «Волонтеры-медики»-й сæрдар Павел Савчук куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ бархионтæ 10 миллуан адæймаджы сты. Иу уый бæрцы та фæнды бархион суæвын.
Æхсæнадон змæлд «Волонтеры-медики»-йы сæрдар Павел Савчук: «Æз дызæрдыг нæ кæнын фæсивæдмæ бирæ ног хъуыдытæ кæй фæзындзæн, ууыл. Бирæ цыдæртæ базондзысты, уымæн æмæ сæм бирæ спикертæ æмæ федералон эксперттæ æрбацыд. Сæ хæс у, фæсивæдæн ног зонындзинæдтæ радтын, цымыдисаг хабæрттæ сын радзурын, цæмæй æрыгæттæ дарддæр сæ фæлтæрддзинад сæ регионтæм хæссой, æмæ уым дæр иннæ фæсивæды разæнгард кæной медицинон бархионты змæлды архайын».
Паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артур: «Фæсивæд сты тынг курдиатджын. Ацы бархионты змæлды форум сын сæ куыст райдайынæн тынг æххуыс у».
















