Дзæуджыхъæуы сарæзтой ерыстæ хъæлдзæг æмæ цыргъзонд фæсивæды клубы кубок рамбулынæй. Цыдысты студентты уалдзæджы фæлгæты.
Иу бон арæзт æрцыдысты дыууæ хъасты. Бонæй фембæлыдысты училищæты æмæ техникумты ахуырдзаутæ, изæрæй та – уæлдæр ахуыргæнæндæтты студентты иугонд командæтæ. Æдæппæтæй уыдысты 11. Студенттæ сæ цыргъ зонд æвдыстой æртæ номинацийы: квн, стэм æмæ стендап-æй. Астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæтты æхсæн рамбылдта Дзæуджыхъæуккаг базарадон-экономикон техникум. Уæлдæр ахуыргæнæндæтты æхсæн та фыццæгтæ систы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ. Дыууæ хъазты дæр рауадысты хъæлдзæг æмæ цымыдисаг. Зæгъæн ис, æмæ КВН нæ республикæйы фæсивæды хсæн у тынг парахат.
















