Æнæниз царды уаг парахат кæныны хъуыддаг ныффидар кæнын. Уый у кæртыты арӕзт баскетболы сывæллæтты æппæтуæрæсеон фестивалы регионалон къæпхæны сæйраг хæс. Мадзал ныр дыккаг хатт сарæзта парти «Иугонд Уæрæсе». Хуыздæрты ном райсыныл ерыс кодтой 8 командæйы – республикæйы æппæт районты минæвæрттæ. Афтæмæй сбæрæг сты, финалмæ Новосибирскмæ чи ацæудзæн, уыдоны нæмттæ.
Чемпионы ном райста дзæуджыхъæуыккаг командæ «Белое яблоко». Кубоктæ, майдантæ, æмæ грамотæтæй дарддæр ма сын радтой ерысты сæйраг лæвар – спортивон уæлæдарæс. Баскетболон пуртитæ та балæвар кодтой се ‘ппæт архайджытæн дæр. Партийы адæмон программæйы сæйраг хæйттæй иу у – уавæртæ аразын фæсивæды алывæрсыг райрæзтæн.
















