Ам Нарты Æхсар йе ‘фсымæр Æхсæртæгимæ цæуынц сызгъæрин фæткъуы хъахъхъæнынмæ. Ацы фарсыл та уæларвон Куырдалæгон аразы хъама. Зындгонд таурæгътæ нæ алчи дæр зоны сабийæ фæстæмæ. Æмæ нын сæ кæд раздæр чиныджы кастысты, уæд сæ ныр ис фенæн ног, ноджы ирддæр æмæ цымыдисагдæр хуызы.
Комикстæ саразыны хъуыды фæзынд 2016-æм азы. Фæлæ йæ уæд сæххæст кæнын нæ бантыст, зæгъы Хуыгаты Ацæмæз. Æмæ дыууæ азы размæ проекты фарс рахæцыдысты «Машук»-ы æркасты. Кадджытæ нывты хуызы райдыдтой уадзын электрон хуызы. Бакуыстой сæрмагонд уæлæфтуаныл æмæ йæ апарахат кодтой.
Ныридæгæн бабæрæг кодтой дыууæ ахуырадон уагдоны. Иу Дзæуджыхъæуы иннæ та Къуайсайы. Гимназ интеллекты сарæзтой чысыл тематикон викторинæ. Æдæппæтæй фæнд кæнынц æппынкъаддæр 30 скъолайы бабæрæг кæнын. Сæйраг нысан у сывæллæтты æмхиц кæнын ирон культурæмæ, æвдисын сын таурæгътæ ног, цымыдисаг хуызы, зæгъынц мадзаларазджытæ.
Афтæ нæ зӕгъӕм, ӕмӕ фæсивæд кæсой æрмæст Нарты Кадджытæ. Адæймаг, кæй зæгъын æй хъæуы, алывæрсыг рæзт хъæуамæ кæна. Фæлæ нæ культурæ æнæмæнг хъуамæ размæ кæнæм. Уыцы нысан сæххæст кæнынмæ мадзаларазджытæм бирæ хъуыдытæ ис. Сæ сæххæст кæнынмæ агурынц фæрæзтæ. Зæгъæм, æрæджы архайдтой Цæгат Ирыстоны дыккаг фæсивæдон форумы.
Æмæ сæ сæххæст кæнынмæ ныридæгæн агурынц хъæугæ мадзæлттæ. Архайынц ма сæ къордмæ курдиатджын фæсивæды æмхиц кæнын. Цæмæй æппæт хъуыдытæ дæр сæххæст кæной.
















