Бехъаны цад сыгъдæг кæнын райдыдтой. Куыстытæ цæуынц «Сохранение уникальных водных объектов» федералон проекты фæлгæты. Уый тыххæй фехъусын кодтой экологи æмæ æрдзон æвæрæнты пресс-службæйы. Ныртæккæ цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ.
Сæйрагдæр у донуат хъæдæрмæг æмæ быронæй ссыгъдæг кæнын. Специалисттæ пайда кæндзысты гидротехникон фæрæзтæй. Дзуаппдæттæг министрады кусджыты ныхæстæм гæсгæ, фæстаг азты цадæй уайын райдыдта цъымарадон. Уый баст у, зæххы бынæй донгуырæнты нымæц кæй фæфылдæр, уыимæ. Цад къаддæрæй-къаддæр кæны. Чъизи дæттæ дзы куы нæ аиуварс кæной, уæд ын тас у фесæфынæй. Бехъан нымад у æрдзы регионалон цыртдзæвæныл. Бацархайын хъæуы йæ сыгъдæгдзинадыл æмæ фидауцыл бакусын. Йæ бахъахъхъæныны проект æххæст кæндзысты 2022-æм азы онг. Куыстыты фæстæ цадæн æнусы рдæгмæ тас ницæмæй уыдзæн.
















