Паддзахадон камерон хор «Алани», Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, радта юбилейон концерт Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг театры бæстыхайы. Аивадон къордыл сæххæст 40 азы. Уыйас æмгъуыдмæ йе `нтыстыты нымæцæн, куыд фæзæгъынц, ныккæнæн дæр нæй. Фæлæ йе стырдæр бæрнондзинадыл нымадта æмæ нымайы, кæй зæххыл рантыст, уыцы ирон адæмы ном бæрзонд дарыныл. Артистты алы концерт дæр свæййы раст фæлварæнау æмæ йæ сфæлдыстадон къорды уæнгтæ æнтыстджынæй радтынц. Уымæн æвдисæн уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Нæ уацхæссæгæн – ныхасы бар.
Дзæуджыхъæуы уынгты камерон хор «Алани»-йы афишæтæ куы фæзынынц, уæд сæм адæм уайтагъд сцымыдис вæййынц. Афтæ та рауад ныр дæр. Кадджын мадзалмæ саккаг кодта хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй сфæлдыстадон къорды уæнгтæн ракодта арфæ.
Æхцон зæрдæйы уаг æмæ рухс æнкъарæнтæ. Уыцы хорзæхты фæдыл æрбацæуынц адæм «Алани»-йы концертмæ. Цы хæрзиуджыты аккаг сси хор, уый иууылдæр зонынц. Æвидийгæ курдиаты нысан сты, дзыллæ дæр артисттыл уымæн афтæ æнувыд у. Сæ арфæтæ сын нæ бавгъау кодтой.
Музыкалон къорд бирæ азты архайы музыкалон аивад парахат кæныныл. «Алани»-йы репертуары ис алывæрсыг музыкæ. Хоры аивадон разамонæджы ныхæстæм гæсгæ сæ пандемийæ тынг бахъыгдæрдта. Сæ гастрольты фадæттæ сын æрцыбыртæ кодта. Фæлæ сæ уæддæр артисты нысан рох нæу. Алы концертмæ дæр сæхи цæттæ кæнынц, раст цыма фыццаг хатт рацæудзысты сценæмæ, афтæ.
40 азмæ хор зæххы къорийыл цы ран нæ азарыд, ахæм нал баззад. Æгас Европæйыл та уæдæ цалдæргай хатты æрзылдысты. Æмæ сын-иу алы ран дæр сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд. Иу бинонтау чи фæцард уал азы, уыцы артисттæн сæ цин дæр иу у. Иу адæймаджы æнтыстыл цин кæнынц æнæхъæн къордæй.
Сæ бæрæгбон та ацы хатт дæр фæрæстмæ. Адæмæн балæвар кодтой рæсугъд изæр. Æнæмæнг, уый сын фæуыдзæн дарддæры рæсугъд фæндæгтыл цæуыны хъомыс.
















