Комкоммæ бастдзинады фæрцы Беслæны 1-æм скъолайæ немæ уыд уацхæссæг Гугкаты Иринæ. Ныр та æрымысæм 2004 азы цаутæ. Зæрдæ кæмæй ныккæрзы, уыцы хроникæ, Уазиты Зæлинæйы æрмæджы.
Ацы кадрты адæм сæхи хъæлдзæгæй цæттæ кæнынц Зонындзинæдты бæрæгбоны линейкæмæ. Чызджытыл – рæсугъд уæлæдарæс, лæппуты къухты – дидинджыты бастытæ. Уый уыдзӕн сæ зӕрдиаг лæвар уарзон ахуыргæнджытæн.
Сывæллæттæ кæрæдзиуыл цин кæнынц, дзурынц, чи кæм арвыста йæ сæрдыгон бонтæ, уый. Ног ахуыры азы сæ алкæй дæр фæнды фылдæр «фондзтæ» исын. Бæрæгбоны райдзаст райсом æгæр тагъд фæцис. Ӕрбацӕуӕг адæмæй æнхъæл дæр ничи уыд, иу уыссммæ сæ цард кæй фæфæлдæхдзæн доны къусау. Музыкæ æмæ сывæллæтты худтæй йæ адæм фыццаг æмбаргæ дæр нæ кодтой, цы сыл æрцыд, уый. Æхстытæ æмæ террористты хъæртæ. Сабиты æмæ хистæрты батардтой спортивон залмæ.
9 сахаты æмæ 15 минуты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ рæстæг ныддæргъвæтин. Террористтæ ауындзын райдыдтой рæмудзæн æрмæджытæ, дзаг уыдысты зæгæлтæй. Ауыгътой сæ цары къуымты, æвæрдтой сæ бандæттыл æмæ пъолыл сывæллæттæм хæстæг. Адæмы уырнгæ дæр нæ кодта, цы зындоны бахаудысты, уый. Уынг горæты цæрджытæй дзаг. Адæмы зæрдæтӕ дзаг кодтой фыдбылыз ӕмӕ мастхæццæ ‘нкъарæнтæй.
Нæлгоймæгтæ бырсынц скъолайы бæстыхаймæ. Цыфæндыйӕ дæр тырнынц сæ хиуæтты фервæзын кæнынмӕ. Ахӕм уавӕры хиуыл хӕцын тынг зын у. Дæ бон баххуыс кæнын куы нæ уа, уæд зæрдæ фӕйнӕрдӕм тонгӕ кæны.
11 сахаты. Фыдгæнджытæ ахст адæмæй иуимӕ рарвыстой гæххæтт сæ домæнтимæ. Сыф къухæй-къухмæ цыд. Фыст дзы уыд: иу фыдгæнæджы марды ныхмӕ фехсдзысты 50 ахст адæймаджы. Хъыгдæрд чи баййафа, уый номыл та – 20 уацайраджы. Лæгсырдтæй 5 куы фæхъæуа, уæд та срæмудздзысты скъола. Скъолайы раз лӕууӕг нæлгоймæгтæ бамбæрстой, сæ хиуæтты хъысмæт фыдгӕнджыты къухы кæй ис, уый.
11 сахыты æмæ 34 минуты. Ӕгас республикæйы дæр фæкарздæр кодтой æдасдзинады домæнтæ. Ахуыргæнæндæтты хъахъхъæнджыты нымæц фæфылдæр кодтой. Бæрæгбоны мадзæлттæ баурæдтой. Адæмы арвыстой сæ хæдзæрттæм. Цæгат Ирыстоны арæнтæ æхгæд æрцыдсты. Дзæуджыхъæуæй æппæт авиарейсытæ дæр систой. Республикæйы цард æрлæууыд.
Ирыстоны алы цæрæг дæр йæ хъуыдыты уыд Беслæны. 1 мин 128 уацайраджы. Сæ фылдæр – сывæллæттæ. Къуындæг æмæ æнтæф залы. Æнæ дон æмæ хæринагæй. Ацы зындоны адæмы фӕдардзысты æртæ боны. Террористимæ баныхас кæнын къухы нæ бафтыд. Æртæ боны дæргъы лæгсырдтæ залмæ баххæсын нæ бауагътой нæдæр хостæ, нæдæр хæринаг, нæдæр дон. Спортивон залы æдых æмæ тарст адæм фервæздзысты, уый сæ нал уырны.
Æмæ æцæгæй дæр афтæ рауад. Бирæ сабитæ амард сæ ныййарджыты къухты. Фæстагмæ ма сæ царды цы федтой, уыдон уыдысты сæ сæрмæ ауыгъд рæмудзæн æрмæджытæ.
Æртыккаг бон сихорыл скъолайы æрцыд дыууæ тыхджын срæмыгъды. Райдыдтой æхстытæ. Скъоламæ ныййарц сты æфсæддонтæ æмæ горæты цæрджытæ. Чи – хæцæнгарзимæ, чи – афтид армӕй. Уыцы рæстæг скъолайæ ралидзын сæ къухы бафтыд 30 уацайрагæн. Райдыдта эвакуаци.
Сæ сæрмæ нæмгуытæ, афтæмæй æфсæддонтæ æмæ хиуæттæ архайдтой сывæллæтты уацарæй аирвæзын кæныныл. Фыдгæнджытæ фæстейы æхстой лидзӕг сылгоймæгтӕ æмæ сабиты.
Тугамӕст æмæ гом сабитæ нæлгоймæгты къухты. Чи цы акодтаид, уый нал зыдтой. Уыцы рæстæг ам уӕвӕг ӕдӕммӕ уыд æрмæстдæр иу хъуыды – зындонæй ратонын сывæлæтты.
Боны æртæ сахаты æмæ 16 минуты Скъолайы бæстыхайæ рахуыдтой адæмы. Ам баззадысты сæдæгай мæрдтæ. Алы рӕтты пырх æмæ сыгъд чингуытæ, хызынтæ. Тугæйдзаг скъолайы уæлæдарæс. Бæстæ ныссабыр. Ӕрмæст мæлæт аскЬуыдта суинаг сабиты цард. Æрæджы дæр ма уарзон адæм иумæ уыдысты. Ныр та нал сты. Афтæмæй рацыд 17 азы.
Скъолайы кæрты æрлæууын æнцон нæу. Зæрдæ риуæй рацæйтоны. Хъуырмæ ссæуы хъарæг, афтæ цæмæ рауад, зæгъгæ. Ӕрмæст Хуыцаумæ кувыс, цæмæй зæххы къорийыл ахæм æбуалгъ фыдбылыз мауал æрцæуа. 334 адæймаджы фæмард. 186 дзы – сывæллæттæ. Уыдон æнустæм баззадысты ам, скъолайы. Сæ къухы цы фæндтæ нæ бафтыд, уыдоны тыххæй зæрдæ риссы.
















