Цæгат Ирыстоны райдыдта мысæн вахтæ. 9 сахаты æмæ 15 минутыл, 17 азы размæ куыд уыд, афтæ ацы аз дæр айзæлыд дзæнгæрæг. Райсомæй нырмæ республикæйы æхсæнадон минæвæрттæ, цæрджытæ, республикæйы уазджытæ цæуынц скъоламæ.
Æвæрынц дидинджытæ. Алчидæр сæ йæ хæсыл нымайы теракты амæттæгты æрымысын. Хицауады уæнгтимæ иумæ, номарæн мадзæлтты архайдта республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло дæр. Беслæны зындзинад дунейыл айхъуыст. Æвирхъау цау ахаста 334 уды, уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ.
Трагедийы фæдыл мадзæлттæ ацы аз арæзт цæуынц эпидемиологон уавæр хынцгæйæ. Скъоламæ æрбацыдсты, сæ зæрдæйы рыст кæмæн не ’нцайы, уыцы адæм.
















