Фыдыбæстæйы стыр хæсты æмæ Беслæны скъолайы терракты хъайтарты кадæн мемориалон къул байгом кодтой Беслæны. Снысан æй кодтой регионты`хсæн фæсивæдон патриотон проект «Стена героев»-ы фæлгæты. Проекты сæйраг нысан у, цæмæй сывæллæттæм Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æвзæра. Зоной æмæ хъуыды кæной, Фыдыбæстæйы стыр хæсты хъайтартæн сæ къухты уæлахиз куыдæй бафтыд, уый.
Мемориалон фæйнæг байгом кæныны бар радтой Уæрæсейы федерацийы хъайтар Валерий Куковæн, Республикæйы ветеранты комитеты сæрдар Азиты Алыксандрæн, Уæрæсейы Федерацийы хъæбатыры мад Татьяна Днепровская, скъолаты музейты иугонды директор Гуыриаты Надеждæйæн æмæ Кæсæг-Балхъары национ ассоциацийы минæварады разамонæг Жашарбек Атаевæн. Кадджын уавæры мемориалон къулы раз æрыгон армионтæ сæвæрдтой дидинджытæ, расидтысты, цæмæй иу минут æдзæмæй алæууой. Мадзалы кæрон ма æвдыст æрцыд концертон программæ дæр.
Татьяна Днепровская, Уæрæсейы Федерацийы хъайтары мад: «Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ ацы мадзал тынг ахсджиаг æмæ хъæугæ у æрыгон фæсивæдæн. Уыдон хъуамæ зоной, уæлахиз нын чи ’рхаста, уыцы хъайтарты нæмттæ, цæмæй мах ныр сабыр дунейы цæрæм. Æмæ нæ фæндтæ нæ къухы æфтой».
Жашарбек Атаев, Балхъары национ ассоциацийы минæварады разамонæг: «Стена героев» арæзт у, а бæстæйы мах сабыр цæрды сæраппонд йæхи чи нæ бавгъау кодта, уыцы хъайтарты кадæн. Уый тыххæй мах хъуамæ хъуыды кæнæм æмæ нæ кæстæртæн дзурæм ацы цауы тыххæй. Фæнды мæ бузныг зæгъын Беслæны фыццæгæм скъолайæн, ацы хъуыддаджы кæй бацархайдтой».
















