Горæты цæрджытæн уарзон бынат сарæзтой 1937-æм азы. Уæдæй абонмæ бæстыхай заууатмæ æрцыд, йæ иу хай ныккалд. Ныртæккæ дзы цæуы бындурон рацарæзт. Баивтой хæдзары сæр, хъæдын цæджындзтæ, электрон тыхдæттæг системæ, сæвæрдтой трансформаторон дæлстанцæ æмæ æндæр ногдзинæдтæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Культурæйы хæдзары къултæ фæфидар кодтой. Алы ‘рдыгæй сыл бафтыдтой 10 сантиметры бæзджынæн бетон. Ныр бæстыхай бафæраздзæн 9 баллы онг зæххæнкъуыстæн. Хъæдын цæджындзтæ баивтой. Ныртæккæ сты згъæр æмæ бетонæй конд. Беслæны цæрджытæн уарзондæр бынатæн цæттæ у йæ 75%. Ныртæккæ æххæст кæнынц мидæггаг куыстытæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æппæты уæззаудæр куыст бакодтой бындур æвæргæйæ.
Бæстыхайы рацарæзт æнцон нæ рауад. Культурæйы хæдзар сарæзтой 1937-æм азы. Бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Куыстытæ æххæстгæнджыты хæс уыд бæстыхайы историон хуыз сног кæнын. Мраморæй конд асинтæ, архитектурон конструкцитæ, нывæфтыдтæ. Алцыдæр советон дуджы хуызы. Архитектурæ бахъахъхъæнын хъæуы. Уый уыд горæты цæрджыты курдиат, объект райхалдзысты зæгъгæ куы базыдтой, уæд.
Бæстыхай æдзæллаг уыд 8 азы. Уыцы рæстæгмæ йæ уавæр ноджы февзæрдæр. Культурæйы хæдзар згъæлын райдыдта. 2015-æм азы æгас районы сфæлдыстадон цард баурæдта. Кæд æмæ дзы архайд нæ фæмынæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Ивгъуыд азы мартъийы дзы бындурон цалцæг райдыдта нацпроект “Культура”-мæ гæсгæ. Объект сног кæнынæн хъæуы 400 милуан сомы.
Стыр концертон залы бынат уыдзæн 230 адæймагæн. Хæстæгдæр рæстæг республикæйы бындурон арæзтады Управленийы равзардзысты объект мебель æмæ кусæнгæрзтæй чи сифтонг кæндзæн, уый. Дæнцæгæн дзы фæзындзæн нырыккон рухсдæттæн системæимæ экран. Самал кæндзысты музыкалон инструменттæ. Æххæстæй срæвдз уыдзæн 15 декабры. Куыстытæ æххæстгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй, гæнæн ис, æмæ афонæй раздæр дæр фæуой. Ног азы каникулты фæстæ та дзы скусдзысты сывæллæтты къордтæ, уыдоны Беслæны цæрджытæ архайдтой фæлтæрæй фæлтæрмæ.
Аразджытæ баивтой бæстыхайы сæр æмæ электрон тыхдæттæг системæ, сæвæрдтой зынгсирвæзты ныхмæ дзæнгæрæг, ауагътой дондзæуæн æмæ хауæццæгтæ сыгъдæггæнæн хызтæ. Фæуæрæхдæр æй кодтой. Ацы районы бирæ цæрджытæ ис, кæд горæты центрæй дарддæр у, уæддæр дзы хъуамæ культурон цард æххæстæй æнхъæвза.
















