preloader
сейчас в эфире
02:54
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Хъæлнæгътæ хъæуы ныккалд хиды иу хай

8.08.2024 13:39

Æрæфы районы Калнæхтæйы цæрджытæ æййафынц къулымпыдзинæдтæ. Хъæумæ хæстæг цæугæдоны сæрты хиды иу хай ныккалд. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ аххосаг у донивылд. Хиды цæджындзтæ дон бахордта. Ныртæккæ архайынц, цæмæй хъæумæ транспортæн бацæуæн уа. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.

Æрæфы районы Хъæлнæгътæйы цæрджытæ æййафынц къулымпыдзинæдтæ. Хъæумæ хæстæг цæугæдоны сæрты хиды иу хай ныккалд. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ аххосаг у донивылд. Хиды цæджындзтæ дон бахордта. Ныртæккæ архайынц, цæмæй хъæумæ транспортæн бацæуæн уа. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.

Хиды иу хай кæй ныккалд, уый аххосæй адæм æййафынц къуылымпыдзинæдтæ. Уæвгæ, хъæуы цæры æрмæст 14 адæймаджы. Фæлæ алы бинонтæ дæр дарынц стурвос. Ныридæгæн сын хæринаг самал кæнын дæр сæ бон нæу. Тыхсынц, зымæгмæ холлаг сæвæрын куы байрæджы кæной, уымæй.

Ныридæгæн бахъуаджы рæстæг ардæм не ‘рбацæудзæн тагъд медицинон æххуысы хæдтулгæ дæр. Афтæмæй хъæуы та бирæ ацæргæ адæм ис, медикты æххуыс сын у æнæмæнг хъæугæ. Хид ныккалд дон былгæрæттæ кæй бахордта, уый аххосæй. 2 къуыримæ хæстæг цæрджытæн сæ бон нæу хæдтулгæйыл сæ хæдзармæ бахауын.

Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, хид сарæзтой 90-æм азты. Уыимæ, рæстæгмæйы хуызы, дзуры Хæтагты Валерий. Ныфс сын бавæрдтой хид кæй уыдзæн нырыккон, дзуапп дæтдзæн æппæт домæнтæн дæр. Хидимæ къуылымпыдзинæдтæ рагæй æййæфтой.
Донивылдты рæстæг иу ныппырх. Ныр та цæрджытæ тæрсынц, конструкци бынтон куы нал бафæраза, уымæй.

Хиды сæрты ахизæн кæй нæй, уымæ гæсгæ сæ бахъæуы æндæр фæндагыл цæуын. Уый ис Махческы уæллаг хайы. Уыцы балцвæд сын хæссы зындзинæдтæ. Уыимæ ма кæд хорз боныхæды фæндагыл цæуæн ис, уæд къæвда бон та тæссаг у, æлыг сæ хъыгдары.
Цæрджытæ æххуысы фæдыл сидынц. Æрæфы районы администрацийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ хид кæй ныккалд, уый аххосæгтæй иу у уæзласæн хæдтулгæтæ. Конструкци нæ бафæрæзта ахæм транспорты уæзæн. Республикæйы фæндаггон хæдзарады комитет ныридæгæн кусы фарста аиуварс кæныныл.

Цæрджытæ сæ ныфс дарынц, фарста хæстæгдæр рæстæг кæй аиуварс кæндзысты, ууыл. Сæйрагдæр та уазæлтты райдианмæ.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
Гвардия I 06.06.2026
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
05.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Новые отделения РКБ, антинаркотический месячник и актуальные новости прошедшей недели I Самое время
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Среда влияния I Изменение климата на Кавказе
3.06.2026
Залина Дзампаева I Истории из жизни
3.06.2026
Дело мастера I Нелли Гассиева
3.06.2026
Все про авто I Доброе утро, Осетия!
3.06.2026
Йæ рæстæгыл I Дзанайты Ольгæйы фæстаг фæндараст æмæ мыггæгты ног чиныг
2.06.2026
Все рекомендуемое