Ногфых лауызты хæрздӕф, хъӕлдзӕг зарджытæ ӕмӕ хъæзтытæ. Беслӕны сӕйраг фæз цин ӕмӕ музыкӕйы зӕлтӕй байдзаг. Афтӕ цӕрджытӕ хӕрзбон зӕгъынц зымӕгӕн. Хæрзад хæринæгтæй ацаходынмæ ӕмӕ хуры хъармæй бафсӕдынмӕ ардæм ӕрцыдысты уазджытӕ ӕгас республикӕйӕ. Зӕгъӕм, Мӕргъиты Дианӕ Хуымӕллӕгӕй схӕццӕ автобусыл.
Фестивалы программӕ алы лыстӕгдзинады онг дæр хъуыдыгонд у. Алчи дзы йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг архайд ссардта. Сывӕллӕттӕ нывӕзтой гипсæй фигурӕтӕ, быдтой цонгдарæнтæ, хистӕртӕ та цымдтой тӕвд цай ӕмӕ хъуыстой адӕмон зарджытӕм. Фæлæ уæддæр быдыргъæй хуыздæр бæрæгбоны уддзæф ницы æнкъарын кæны. Уæдæ лауызтæ та куыд ӕхсыры цъӕрттӕ æмæ дзидзаимæ, афтæ басгæрдæджытæ æмæ къæдоримæ дæр.
Бигъаты бинонтӕ Мӕскуыйӕ ссыдысты. Сослан райгуырд æмӕ схъомыл Беслӕны. Уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта циндзинад йӕ райгуырӕн горӕтӕн балӕвар кӕнын. Алы уазæгыл ӕмбӕлдысты сæрмагондæй.
Фестивалы ирд цаутӕй иу у концерт. Сценӕйыл фенæн уыд скоморохтӕ, аивадон къордтæ ӕмӕ ирон эстрадӕйы минæвæртты. Иууылдӕр фæнысан кодтой бӕрӕгбоны организацийы бӕрзонд ӕмвӕзад.
Фестиваль “Широкая Масленица” ирд цау у канд Беслӕны цӕрджытӕн нӕ, фӕлӕ ӕгас республикӕйӕн дӕр. Райгуырӕн горӕтæн мидбылхудт балæвар кæнæн куыд ис, уый дæнцæг.
















