Беслæны скъолайы амæттæгты ацы бонты мысынц æгас дунейы. Сæ рухс нæмттæ сын ссардтой Турчы цæрæг ирон адæм дæр. Сарæзтой номарæн æмбырд. Архайдтой дзы ирон адæмы бынæттон æхсæнад «Алан»-ы уæнгтæ, хъæуы цæрджытæ æмæ йæхи алайнагыл чи нымайы, уыдон се `ппæт дæр.
Ссардтой æвирхъау теракты амæттæгты нæмттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хъæумæ `ввахс ма бынæттон цæрджытæ ныссагътой бæлæстæ. Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы номыл сæрвыста тæфæрфæсы фыстæг дæр.
Беслæны цауты фæдыл хъыг кæнынц Бельгийы цæрæг ирон адæм дæр.















