preloader
сейчас в эфире
03:11
ВЧЕРА ЗАКОНЧИЛАСЬ ВОЙНА (16-АЯ СЕРИЯ) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
03:30
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
03:50
Цы сусæг кæныс 12+
ТВ ПРОГРАММА
ВЧЕРА ЗАКОНЧИЛАСЬ ВОЙНА (16-АЯ СЕРИЯ) 12+
close

Беслæны теракты фæмард Бæдоаты Миланæйы фыд

1.09.2021 16:19

Ацы къамтæй ма хъуыды кæны Миланæ йæ уарзон фыды. 2004 азы 1 сентябры чызджы цард цæхгæрмæ фæивта. Уыцы бон Миланæйы хистæр æфсымæр бацыд фыццæгæм къласмæ.

Беслæны теракт арф фæд ныууагъта бирæ адæмы царды. 2004 азы 1 сентябры ног ахуыры азы фæдыл линейкæмæ скъоламæ ацыдысты Бæдуаты Миланæйы бинонтæ дæр. Чызгыл уæд 4 азы цыд. Фæлæ, уæддæр ирдæй хъуыды кæны уыцы бонтæ.


Ацы къамтæй ма хъуыды кæны Миланæ йæ уарзон фыды. 2004 азы 1 сентябры чызджы цард цæхгæрмæ фæивта. Уыцы бон Миланæйы хистæр æфсымæр бацыд фыццæгæм къласмæ. Æппæт бинонтæ дæр цингæнгæйæ цæттæ кодтой ахуыры азы райдианмæ. Мад, фыд, нана æмæ Миланæ иумæ ацыдысты 1-æм сентябры линейкæмæ. Фæлæ, 4-аздзыд чызг кæуын райдыдта, æмæ сæ нанайы бахъуыд хæдзармæ йемæ аздæхын. Фæстæдæр куыд разынд, афтæмæй сæ адзалæй фервæздысты.

Миланæ уыцы æртæ боны мысгæйæ зæгъы, афтæ каст, цыма уыцы 72 сахаты æнусы бæрц уыдысты, афтæ. Кæд ыл 4 азы цыд, уæддæр æй æмбæрста, стыр бæллæх кæй æрцыд, уый. Йæ нанаимæ æнхъæлмæ кастысты, сæ бинонтæ ногæй иумæ кæд сæмбырд уыдзысты, уымæ. Фæлæ, Миланæйы мад куы фехъусын кодта, сæ фыд фæмард, зæгъгæ, уæд сæ цард æрлæууыд. Нæлгоймаг уыд фыццаг бон терорристтæ кæй амардтой, уыдоны ‘хсæн.

Сывæллоны фервæзын кæнын- уый уыд мад æмæ фыды хойы иунæг хъуыды. Алы срæмыгъд æмæ æхсты рæстæг дæр æй æмбæхстой сæ фæстæ. Уыцы æвирхъау цаутæй тасы куыд нæ бацыд 7-аздзыд лæппу. Фæлæ, уæддæр йæхиуыл хæцыныл архайдта, Миланæйæн йæ мад куыд радзырдта, афтæмæй.

Беслæны теракт цы адæмы цард фæивта, уыдонмæ 17 азы фæстæ дæр, уыцы цаутæ раст цыма знон уыдысты, афтæ кæсы.

2004 азы сентябрь раивта бирæ адæмы хъысмæт æмæ цард. Рох гæнæн ын нæй. Фæлæ, ахæм цаутæ ахуыр кæнынц царды алы бон æмæ минутæн дæр стыр аргъ кæныныл.

Миланæйы æфсымæр Алекс уæлдæр ахуырад райста. Ныртæккæ службæ кæны æфсады. Миланæ йæхæдæг ахуыр кæны Мæскуыйы. Фæнд кæны йæ цард экономикæйы къабазимæ сбæттын. Цард дарддæр цæуы. Фæлæ, Беслæны рыст никуы банцайдзæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Что изменится в школах в новом учебном году? | Разбор полетов
18.08.2026
Æвзæрстытæм цæттæдзинад æмæ хойраджы равдыст I Йæ рæстагыл
18.08.2026
Фӕрдгуытӕ I 17.08.2026
17.08.2026
17.08.2026 | Самое время
17.08.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 11: Родовая семейная эмблема/ «Ossetica»
17.08.2026
Сауы дзуар I Кувæг Ир
17.08.2026
Марат Альборов и Альберт Назранов I Доброе утро, Осетия!
17.08.2026
Песни под звездами I Алибек Едзиев и Мурад Исматуллаев
16.08.2026
Куыд зӕгъай, афтӕ! I Цӕриаты Валерий ӕмӕ Секъинаты Альбинӕ
16.08.2026
В итоге: 16.08.2026
16.08.2026
Медикум I 16.08.2026
16.08.2026
Ретро-концерт | 16.08.2026
15.08.2026
15.08.2026 I Бинонтæ.Таратæ
15.08.2026
15.08.2026 I Кувæг Ир
15.08.2026
15.08.2026 I Гвардия
15.08.2026
Все рекомендуемое