preloader
сейчас в эфире
04:21
Цы сусæг кæныс 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
04:30
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
05:00
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
Цы сусæг кæныс 12+
close

Хъантемыраты Сергейы мысинæгтæ йæ хо светланæйы тыххæй

1.09.2021 16:13

Рæсугъд, цæхæрцæст æрыгон чызг йæ цард сбаста ахуыргæнæджы дæсныйадимæ. Хъантемыраты Светланæ йæхæдæг дæр ахуыр кодта 1-æм скъолайы.

Беслæны фыццæгæм скъолайы бæрæгбонмæ йæхи цæттæ кодта англисаг æвзаджы ахуыргæнæг Хъантемыраты Светланæ. Йе ‘фсымæры чызг Аланӕимæ хъӕлдзӕгӕй араст сты скъоламӕ. Фæлæ урокмӕ сидӕг дзӕнгӕрӕджы бӕсты скъолайы кӕртӕй райхъуыст хæцæнгарзы къӕр-къӕр. Спортивон залы Светланæ æмæ Аланæ кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой. Срӕмыгъды рӕстӕг рудзынгмӕ хӕстӕг бӕргӕ уыдысты, фӕлӕ Светланæйы уд фыдгæнæджы нæмыгæй аскъуыд. Уæдæй фæстæмæ Хъантемыраты хæдзары æрбынæттон сты зæрдæйы маст, рис æмæ цæссыг.


Рæсугъд, цæхæрцæст æрыгон чызг йæ цард сбаста ахуыргæнæджы дæсныйадимæ. Хъантемыраты Светланæ йæхæдæг дæр ахуыр кодта 1-æм скъолайы. Кусынмæ дæр æрбаздæхт йæ райгуырæн скъоламæ. Тынг æй фæндыдис, йæхи ахуыргæнджыты фæзмынгæйæ, сабиты зонындзинæдты рухс фæндагыл ахонын.

Æвæдза цæй амондджын уыцы адæймаг æмæ йæ мады фæлмæн мидбылхудт чи федта. Светланæ уыцы амондæй хайджын нæ фæцис. Æрыгон чызджы хъысмæт æнцон нæ рауад. Куы райгуырд уæд цалдæр боны фæстæ йæ мад Симæ рынчындоны амард.

2004-æм азы фыццæгæм сентябры Светланæ тагъд кодта йæ уарзон скъоламæ, йæ ахуырдзаутæм. Йæ зæрдæ дзаг уыд æхсызгон æнкъарæнтæй. Фыр цинæй ма йе ‘фсымæры чызг Аланæйы дæр йемæ ахуыдта. Æхсæзаздзыд чызг уæд Беслæны уазæгуаты уыд.

Æмæ цалынмæ ӕртӕ боны дæргъы ӕнӕ донӕй, ӕнӕ хӕринагӕй дартой 1128 адӕймаджы, уæдмæ алы ирон лӕг дӕр разы уыд йӕ цард раттыныл, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ӕнахъом сабитӕ фервӕзой. Сергейы ныхæстæм гæсгæ, афтӕ каст, цыма рӕстӕг ныддаргъ, цалынмӕ 3-æм сентябры 13 сахаты æмæ 5 минутыл Беслæны 1-æм скъолайæ фыццаг срæмыгъд райхъуыст, стæй та дыккаг… Хъизӕмайраг ӕртӕ боны…

Зонындзинӕдты дунемӕ сидӕг дзӕнгӕрӕг Бæслæны 1-æм скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæг Хъантемыраты Светланæйæн сси фӕстаг ӕмӕ йӕм фӕсидт йе ‘нусон дунемæ. Цыди йыл 29 азы.

Хъантемыраты бинонтæ сæ буц хъæбул, сæ хъæлдзæг кæстæр хо Светæйы къамтæ арф никуы бафснайынц. Арæх сæ райсынц æмæ сæм лӕмбынӕг фæкæсынц. Рӕстӕг, дам, зæрдæйы хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕхгӕнӕг у. Чи зоны, афтӕ дӕр у, фӕлӕ ацы ӕбуалгъ фыдбылызӕн никуы ӕмӕ ницавӕр дуджы ис ферохгӕнӕн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Что изменится в школах в новом учебном году? | Разбор полетов
18.08.2026
Æвзæрстытæм цæттæдзинад æмæ хойраджы равдыст I Йæ рæстагыл
18.08.2026
Фӕрдгуытӕ I 17.08.2026
17.08.2026
17.08.2026 | Самое время
17.08.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 11: Родовая семейная эмблема/ «Ossetica»
17.08.2026
Сауы дзуар I Кувæг Ир
17.08.2026
Марат Альборов и Альберт Назранов I Доброе утро, Осетия!
17.08.2026
Песни под звездами I Алибек Едзиев и Мурад Исматуллаев
16.08.2026
Куыд зӕгъай, афтӕ! I Цӕриаты Валерий ӕмӕ Секъинаты Альбинӕ
16.08.2026
В итоге: 16.08.2026
16.08.2026
Медикум I 16.08.2026
16.08.2026
Ретро-концерт | 16.08.2026
15.08.2026
15.08.2026 I Бинонтæ.Таратæ
15.08.2026
15.08.2026 I Кувæг Ир
15.08.2026
15.08.2026 I Гвардия
15.08.2026
Все рекомендуемое