Лаборатори – куыстуаты цæджындз. Ам сæ цæст дарынц ахсджиаг процесстæм æмæ кондады къæпхæнтæм. Æппæт бæрæггæнæнтæ фæзынынц комьютеры мониторыл. Холлагмæ бафтауынц æхсæз ахсджиаг хайы. Протеин, сой, æрттывдæг, чырæггъæд, фæнык æмæ уымæлад. Алы æрмæгæн дæр йæ процент æххæст кæнынц сæрмагонд домæнтæм гæсгæ. Лыстæг кæсынц алцæмæдæр, цæстдард ис хомагмæ дæр.
Сæйрагдæр у хæрзхъæддзинад. Продукци завод æрвиты æгас Уæрæсемæ. Мæскуы, Петербург, Карели, Мурманск, Абхази. Кусынц суанг хицæн рецепттæм гæсгæ дæр. Суткæмæ рауадзынц холладжы 200 тоннæйы. Хæларзæрдæ æмæ æнгом коллектив фæллой кæны цалдæр фæлтæры. Уавæртæ хорз сты, сæйрагдæр та бынæттон цæрджытæн фæзынд куысты бынæттæ.
Гуырахст ныртæккæ стыр у, фæлæ ма уыдзæн ноджы егъаудæр. Фидæнмæ фæнд кæнынц афæдзмæ 50 мин тоннæйы уадзын. Уымæй уæлдай ма холлаг цæттæ кæндзысты гæдытæ æмæ куыйтæн дæр. Афтæмæй бафтдзæн кусджыты нымæцыл дæр. Ныртæккæ сты 300-йæ фылдæр. Заводы разамынд зæрдæ æвæры ноджы 150 куысты бынаты скæнын.
















