Турниры архæйдтой хистæр кары æмæ æвзонг спортсментæ. Турниры архайджытæ уыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй. ММА-йы Федерацийы сæргълæууæг Кокойты Алыксандр фехъусын кодта, ерысты призертæ кæй бацæудзысты республикæйы иугонд конмандæмæ. Фидæны цæм æнхъæлмæм кæсы Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат. Иу мæйы фæстæ ерысы архайджытæ цауынц Махачкаламæ.
Кокойты Алыксандр: «Инна республикæты фæлтардмæ гæсгæ мах фандзаймаг хатт кæнæм ацы ерыстæ, лæппутæ разынц, ныфджындæр кæнынц . раздæр кæд нæ ерысты архæйдтой хъæбысæйхæцджытæ æмæ боксертæ, уæд ныр æхсæз азы дæрхъы, кæдæй ис нæ федераци, ерысганджытæ сты фæлтарджынддæр».















