Сывæллæтты рæвдауæндон “Улыбка”, йæ номы аккаг кæй нæу, ууыл дзырдтой йæ уавæртæ – бæстыхайы сæр кæлæддзаг, доны хæтæлтæ ивинаг. Æмæ куыд нæ, 1989 -æм азæй дзы цалцæггæнæн куыстытæ кæй нæ цыд, уый бæрæг дардта рæвдауæндоны куыстыл. Ахæм уавæрты сывæллæтты хъомыл кæнын дарддæр уыд тæссаг.
Гæзæлты Аллæ куыд радзырдта, афтæмæй 6 азы размæ рæвдауæндонмæ кусынмæ куы ‘рбацыд, уæд дзы тæвд дон дæр нæ уыд, зымæг та хъармгæнæнтæ куыстой рæстæггай æмæ дзы иу басыдысты. Архайдтой хи хъарутæй уавæр сраст кæныныл, сæхæдæг иу баивтой хæтæлты æмæ телты гæбæзтæ. Фæлæ ныр “Бинонтæ” нацпроекты фæлгæты рæвдауæндон “Улыбка”-йæ æцæгæй дæр зæрдæ райдзæн.
3 мæймæ куысджытæ сцалцæг кодтой 2-аг уæладзыг. Баивтой телтæ, дуардæтæ, сахуырстой къултæ. Æрвылбон ам фæллой кæны 30 адæймаджы. Бирæ куыст дзы нал баззад. Рæвдауæндоны сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй рацарæзт фæуыдзæн 1-æм сентябрьмæ.
Сывæллæтты рæвдауæндон “Улыбкæ” Дигорайы нымад у æппæтæй егъаудæрыл. Куыстыты рæстæг хъомылгæнинæгтæн се ‘мбис акодтой сыхаг рæвдауæндонмæ, иннæты та раивтой хæрз гыццылты къорды бæстыхаймæ. Къуындæг сын у, фæлæ бындурон цалцæг ахсджиаг хъуыддаг у æмæ быхсынц.
















