Цæлыччы культурæйы галуан заууатмæ æрцыд. Фæстаг хатт ма цалцæггонд кæд уыд, уый хъуыды дæр ничиуал кæны. Фæлæ ныр хъæуы цæрджытæ бацин кодтой. Культурæйы хæдзар бахауд парти иугонд уæрæсейы сæрмагонд проектмæ, æмæ дзы арæзтадон куыстытæм бавнæлдтой. Кæд ныр Цæлыччы фæсивæдæн фæзынид сæ курдиатыл кæм бакусой, ахæм ран. Куыстытæ куыд цæуынц, уый абон сбæрæг кодта Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб.
Музайты Руслан Цæлыччы культурæйы галуан цæмæй цæра, æмæ йын куыд æмбæлы ахæм хуыз уа, ууыл тынг зæрдиагæй кусы. Æмæ канд ныр нæ. Дыууа азы размæ йæхи хуызæн сæрæн фæсивæдимæ ныссагътой халсартæ, растдæр зæгъгæйæ та къабуска. Цы тыллæг æрымбырд кодтой, уый ауæй кодтой, æмæ цы æхца бакуыстой, уымæй райдыдтой хъæуы культурæйы хæдзармæ зилын. Фæлæ уыцы фæрæзтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фаг нæ уыдысты. Чысыл фæстæдæр Цæлыччы культурæйы галуан бахаудта парти “иугонд уæрæсе”-йы сæрмагонд программæмæ, æмæ хъуыддаг фæрæвдздæр. Фарон райдыдтой бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Уæд парти иугонд уæрæсе радих кодта 2 милуан сомæй фылдæр. Фæстæдæр та ма 6 æмæ æрдæг милуан сомы. Ивд æрцыдысты хæдзары сæр, хъармгæнæн æмæ электрон тых дæттæг системæтæ.
Дыккаг уæладзыджы дæр базылдысты цалдæр агъуыстмæ. Фæлæ нырма хъæуы иу программæйы бацархайын, «Техникон ифтонгдзнад»- кæй хонынц, уым. Уæд куыстытæ дарддæр ахæццæ кæндзысты, æмæ та галуаны дыккаг уæладзыг дæр бынтон йæ хуыз скалдзæн.
Ныридæгæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Фæлæ уый Цæлыччы курдиатджын фæсивæды æппындæр нæ хъыгдары. Абон дæр фыццаг уæладзыджы кусынц алыхуызон къордтæ. Сывæллттæ кафынц, зарынц, музыкалон иструменнтыл цæгъдын сæ ахуыр кæнынц. Кусы дзы спортивон секцитæ дæр. Галуаны разамынды ма фæнды фидæны адæмон театры къорд байгом кæнын.
Куыстытæ куыд цæуынц, уымæ йæ цæст дары паддахадон думæйы депутат Мæхъиты Зураб. Йæ ныхæстæм гæсгæ, парти иугонд уæрæсейы проекты сæйраг нысан у Культурæйы хæдзæртты куысты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын.
Пелиты Сабинæ
















