Боксæй уæрæсейаг ерысты юниорты `хсæн æвзист майданы хицау сси Дзукъаты Давид. Ерыстæ цыдысты Налцыччы. Архайдтой дзы 19-æй-20 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ. Дзукъаты Давид 5 хатты бацыд тохы, 2-йы дзы фæуæлахиз нокаутæй. Фæлæ, финалы йæ ныхæмлæууæг тыхджындæр разынд. Ныр куыд зæгъы, афтæмæй ууыл ныфс нæ сæтты. Даддæр æндæр ерысты бацархайынмæ æмæ хи ноджы хуыздæр равдисынмæ, разæнгард кæны. Ныридæгæн йæ тренеримæ цæттæ кæныныл балæууыд.
Фыдæбон куы кæнай æнтыстджын дæр уæд уыдзынæ – ахæм хъуыдыйыл хæст у Дзукъаты Давид. Бирæ азты дæргъы йæхи фæлвары боксæй. Тырны уæлахиздзау суæвынмæ. Ныр йæ фæнд йæ къухы бафтыд. Тренировкæтæ кæны алы бон дæр дыууæ хатты.
Дзукъаты Давиды ныхæстæм гæсгæ, боксæй архайынмæ йæ разæнгард кæны ацы спорты хуызы цы техникæтæй пайда кæнынц, уый. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уымæй фидауы бокс æмæ дзы арæхсджынæй йæ хъарутæ æвдисы.
Ахæм приемтæ Давид ныридæгæн цъынд цæстæй дæр акæндзæн. Фæлæ ууыл не`нцайы. Фæнды йæ йæ арæхстдзинад фылдæр кæнын. Уыимæ ма, тырны спорты бæрзæндтæм. Кыди йын 5 тохы. 2 дзы фæуæлахиз нокаутæй.
Финалы, Дзукъаты Давиды ныхмæлæууæг разынд тыхджындæр. Ерысты тæрхонгæнджытæн уынаффæ рахæссын зын уыди. Афтæмæй уæлахиздзауыл банымадтой Никита Воронины.
Турнирмæ Давид йæхи рагацау цæттæ кæнын райдыдта. Æмæ æнæуи дæр, афтæ. Архайы Цæгат Ирыстоны цы алыхуызон ерысты саразынц, уым.
Ацы ахсджиаг турниры Дзукъаты Давид кæронбæттæн тохиæ рацыд йе`нæниздзинад цудыдæй. Фæлæ уыимæ турниры хатдзæгтæ нæ бæтты. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ ныхмæлæууæг хуыздæр цæттæ уыд æмæ йæхи иттæг хорз равдыста.
Спорсмен боксæй ахуыр кæны 10 азы. Йæ тренер Сланты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй Давид рингы куыд æмбæлы, афтæ фæархайы. Йæ тыхтыл тыхмæ ныр дæр æфтауы. Йæхи цæттæ кæны иннæ аз Европæйы чемпионаты байархайынмæ.
Дарддæр Дзукъаты Давидмæ æнхъæлмæ кæсынц ерыстæ æмæ турниртæ. Уый æмæ йæ тренерты ныфс ис, спорты бæрзæндтæм кæй схиздзысты, уымæй. Уый тыххæй та хъæуы тренировкæтæ кæнын æмæ уæд, сызгъæрин майдан къухы бафтдзæн.
















