Дæллаг æмæ Уæллаг Санибайы цæрджытæ хъармгæнæн рæстæгмæ сæхи куыд цæттæ кæнынц, уый цымыдисаг фарста у. Газ сæм ис æрмæстдæр цалдæр уынджы. Азæй-азмæ сын ныфсытæ бæргæ æвæрынц. Ацы аз Горæтгæрон районы газы службæйы сæйраг инженеры ныхæстæм гæсгæ, хъуыддаг тагъд рæстæг хуыздæрырдæм аивдзæн. Цы хуызы , уый базыдта нæ уацхæссæг Къутъæрты Аидæ. Дæттæм ын ныхасы бар.
Къусраты Нанули цалдæр азы цæры Уæллаг Санибайы. Ныртæккæ йæ сæйраг мæт баст у æрдзон газимæ. Йæ бинонтимæ ацы бынаты куы ’рцард, уæд райдыдта тухæн кæнын. Ныр 6 азы йæ бон æрдзон газ æрбауадзын нæу. Хæдзары хицау ма æгас куы уыд, уæд уыййас нæ тыхстис ацы сылгоймаг, фæлæ иунæгæй бынтондæр катайы бацыд. Суг сæттын æмæ арт кæнын каст уымæ. Сылгоймагæн ахæм куыст кæнын зын у.
Æрмæст ацы сылгоймаг нæ катай кæны газы тыххæй, фæлæ ма хъæуæн йæ кæцыдæр хай дæр. Комсомльскийы уынджы ис 10 хæдзары. Æмæ дзы иуы дæр нæй газ. Рæстæг та цæуы, тагъд зымæг дæр æрбалæудзæн. Сæйраг фарста уый мидæг ис, æмæ цæрджыты хæдзæрттæ сты заууат уавæры. Къултæ кæнынц уымæл æмæ хъуына. Æмæ уый сæрдыгон, зымæгон та вæййы уымæй фыддæр.
6 азы дæргъы Уæллаг Санибайы цæрджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ балæвæрдтой курдиат Горæтгæрон районы æмæ Дзæуджыхъæуы газы службæтæм. Цæрджытæ куыд дзурынц, афтæмæй азæй-азæмæ гæххæтытæ районæй горæты ‘хсæн дыууæрдæм цыдысты. Иу разамонæг дæр æххæст дзапп нæ лæвæрдта.
Хъæуы администрацийы сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй уый йæхæдæг иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыдис газы службæтæм. Ныхас ын-иу радтой, цыбыр рæстæджы æмгъуыдмæ ацы фарста лыггонд кæй æрцæудзæн, уый.
Уæллаг Санибайы газы сæйраг лыггæнинаг фарста баст у, раздæр ацы бынæтты кæй ничи цард, уыимæ. Цæмæй ацы уынджы газ фæзына, уый тыххæй хъæуы сæрмагонд проект скæнын. Ацы хъæуы цæрджытæм газы службæтæй цы гæххæтытæ æрцыдис, уыдоны дæр æххæст дзуапп нæй. Ахæм уавæры сты Дæллаг Санибайы цæрдзытæ дæр. Ныр
Полевая æмæ Алæгаты уынгты цы хæдзæрттæ ис, уыдон дæр цалдæр азы сты æнæ газæй. Ам дæр цæрджытæ æрæджы кæй æрцардысты, уый у йæ сæйраг аххæссæгтæй иу.
Деметы Залинæ нын куыд радзырдта, афтæмæй йæ сывæллæттæ дæр хатгай скъоламæ нæ ацæуынц. Зымæгон уазæлтты фылдæр пайда кæнынц сугæй. Хъæуы администрацийы сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй хъуыддаг тагъд рæстæджы йæ бынатæй хъуамæ сызмæлдзæн.
Ацы хъуыддаджы фæдыл не ’сфæдыстадон къорд бацыдис Горæтгæрон районы газы службæмæ. Арæнгонд бæрнон æхсæнад “Газпром газораспределение Владикавказ”-ы сæйраг инженеры ныхæстæм гæсгæ ацы аз газ хъуамæ уагъд æрцæуа адæмы хæдзæрттæм.
Хъæуты цæрджыты нырма бирæ фарстатæ тыхсын кæнынц. Фæлæ нырæккæ сæ сæйраг мæт у газ хъуыддаг. Кæд сæ хицауад бамбарид æмæ ацы зымæг сæ сывæллæттæн уазалæй тас кæй нал уаид.
Къутæрты Аидæ
















