Дæллаг Нары хъæуæй ма баззад æрмæст кæлæццæгтæ. Фæлæ сын сæ историон хуыз раздахæн ис. Кæд зын æмæ лæмбынæг архайд домы уæддæр. Фыццаг уал саразынц æртæбæрцон хуызæг. Инженер Александр Пешков лазерæй скан скæны фæзуат. Райсы тӕккӕ бӕлвырд бӕрӕггӕнӕнтӕ объекты ас ӕмӕ уӕлцъары тыххӕй. Фенæн сæ уыдзæн компьютеры мониторыл.
Александр Пешков архитектурон объекттæ нымæцон хуызмæ рахæссыны куыст кæны 15 азæй фылдæр. Нымад у бæстæйы раззагдæр специалистæй иуыл. Бакусы культурон нысаниуæгимæ зындæр æмæ цымыдисагдæр объекттыл. Моладзандонтæ æмæ ма суанг Мæскуыйы Кремль дæр. Ацы дæсныйад ын бауарзын кодта йæ фыд — Сергей Пешков. Сабийæ фæстæмæ йæ фыртимæ цыд нывтæ исынмæ. Фæлладуадзæн бонты та “цуан” кодтой сырдты къамтыл. Куыд фæстиуæг, афтæ бинонтæн рауад амалхъомад, дзуры Алыксандр. Иумæ кусын у цымыдисагдæр æмæ тагъддæр.
Куыст хæрзхъæддзинады бындурыл скæнынмæ хъæуы нырыккон ифтонггæрзтæ. Бинонтæм ис сæхæдæг цæуыл бакуыстой, ахæмтæ дæр. Зæгъæм, цæстдарыны системæ æмæ камерæты навигаци. Дыккаг ахæм гарз ссарæн нæй.
Алыксандрæн йæ бон у нымæцон хуызмæ алы объект дæр ракæнын. Уый тыххæй хъæуы æрмæст историк æмæ археологы æххуыс. Йæ проекттæй иу схуыдта “Памятник во времени”, зæгъгæ. Владимиры облæсты историон бæрæггæнæнтæ æмæ архивон къухфыстты руаджы сног кодтой Покровы аргъуаны хуыз. Ахæм куыст Алыксандр бакодта Балхъары дæр.
Фидæны Александр Пешков фæнд кæны нымæцон экрантимæ стендтæ аразын. Уыдоны руаджы æвдисдзæн алы дугты культурон нысаниуæгимæ объекттæ. Проекты нысан — фæсивæды æргом раздахын нæ бæстæйы истори ахуыр кæнынмæ.
















