Форум “Южные ворота” амалхъом адæмæн афæдзæй-афæдзмæ æххуыс у сæ гæнæнтæ æппæтадæмон æмвæзадыл парахат кæнынæн. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахсджиагдæр фарстатыл æргомæй дзурынæн. Абон вазыгджын мадзалы — Цæгат Кавказы, Белоруссийы, Турчы æмæ Хуссар Ирыстоны бизнесы минæвæрттæ. Делегацитæ конференцийы сæйраг темæтæ снысан кодтой рагацау: базарадон-экономикон æмгуыстад æмæ æппæтадæмон æмвæзадыл туризмы райрæзт. Архайджытæн раарфæ кодта хицауады сæрдар Дзанайты Барис.
Форумы уазджытæн радзырдтой Цæгат Ирыстоны стыр хъомысы тыххæй. Республикæйы уыцы иу рæстæг аразынц дыууæ егъау комплексы “Мамысон” æмæ “Алания парк”. Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, афæдзмæ суазæг кæндзысты милуан туристæй фылдæр. Æнтыстджынæй рæзы хъæууон хæдзарад, уæлдайдæр та кæсагдарынад. Республикæ цæттæ у æндæр бæстæтæм 30 мин тоннæйы онг валер кæсаг æрвитнымæ. Ныртæккæ куыст цæуы сæрмагонд проектыл. Куы сырæза, уæд сагъд æрцæудзæн 85 мин дыргъ бæласы. Уæдæ регионы ран дæр пайдайаг рауад. Æппæт гæнæнтæ дæр нæм ис транспортон лæггæдтæ æппæтадæмон æмвæзадыл æххæст кæнынæн.
Цæгат Ирыстон æмгуыст кæны Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтимæ, Иран, Турк æмæ Хуссар Ирыстонимæ. Абон делегаттæ цæттæ сты уыцы æмгуыстад парахат кæнынмæ. Фæзтыл зонгæ кæнынц бынæттон амалхъом адæмимæ, дзурынц экспорты рæзты гæнæнтыл.
Бизнесментæ йæ фидарæй зонынц – ахæм æмгуыстад пайдайаг кæй у. Уымæ гæсгæ, экспорты райрæзтыл хъæуы дарддæр кусын. Фæлæ, ныры уавæрты, нысангонд санкцитимæ экономикон æмархайд æххæст кæнын æнцон нæу.
Уыцы фарста абон ис сæйрагдæрты ‘хсæн.
Райсом уазджытæн экскурси уыдзæн Цæгат Ирыстоны раззагдæр куыстуæттыл. Форум “Южные ворота России – 2024” арæзт цæуы центр Мой Бизнесы цур регионалон экспортон центры æххуысæй.
















