Се ‘ппæтæн зонгæ стъолыл хъазгæ теннис, куыд зыны, афтæ хуымæтæг нæу. Уый у спорты æцæг хуыз. Ам сæйрагдæр у ракеткæйыл раст хæцын æмæ пурти дæттын, хорз цæф сахуыр кæнынæн бахъæуы цалдæр азы. Тæхникæтæ дæр сты дӕсгӕйттӕ: размӕбырсӕг ӕмӕ хъахъхъӕныны цӕфтӕй ахсджиаг лӕвӕрдты онг. Ӕппӕт элементтӕ бакусынӕн дӕр хъæуы рæстæг æмæ хъару. Уымæ гæсгæ теннисист хъуамӕ уа хорз цæттæгонд.
Æмæ тренерты ныхæстæм гæсгæ, æвзæр нæ уайы. Косты Аннӕ у центры тӕккӕ ӕвзонгдӕр хъомылгӕнинӕгтӕй иу. Кортмӕ ӕрбацыд йе ‘фсымӕрты-теннисистты фӕдыл ӕмӕ баззад. Ракеткӕ ӕмӕ пуртиимӕ æрмæст афӕдз архайы, фæлæ йын бирæ æнтысты.
Ныртӕккӕ центры архайы 50 адӕймагӕй фылдӕр — уыдон сты куыд профессионалон спортсментӕ, афтӕ спорт уарзджытӕ ӕмӕ ма ӕвӕлтӕрд адӕм дӕр. Стъол хъазгæ теннис, зæгъæн ис, æмæ у алы кары минæвæрттæн дæр. Ам тыхтӕ бафӕлварӕн ис, кæй фæнды, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр —сывӕллон фыццаг хатт йӕ къухмӕ ракеткӕ куы райсы, уӕдӕй бирæ кары онг.
Хъабанты Сергей теннисы стъолы уӕлхъус арвыста, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ цард. Сабийæ ахуыр кӕнын райдыдта, абон та йӕхи уды дзӕбӕхӕн хъазы. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм ӕвдӕлон рӕстӕг ӕнкъард кӕнын æппындæр нӕ уадзы.
Спорт уарзджытимæ фӕрсӕй-фӕрстӕм баллтæ бакусынц профессионалтӕ. Центры бындурыл тренировкӕ кӕны республикӕйы иугонд командӕ. Захар Богославец хи фæлвары йæ уӕгъд рӕстӕг. Фондз азмӕ цалдӕр хатты сси республикӕйы ерысты уӕлахиздзау, ныр та йӕ размӕ ӕвӕры спорты мастеры норматив сӕххӕст кӕныны нысан.
Стъолыл хъазгæ теннисы ахадындзинад республикӕйы рӕзы, фæлæ дзы фарстатæ дæр ис — бӕрӕг кӕны федерацийы сӕрдар. Спорты хуызы архайынæн нӕй стационарон залтӕ ӕмӕ сæрмагонд ифтонггарз.
Ацы зал Цӕгат Ирыстоны у уӕрӕхдӕр залтӕй иу. Кæд нырма афӕдз кусы, уæддæр ныридӕгӕн стъолыл хъазгæ теннисы архайджытæн сси уарзон. Центры разамынд йæ размæ æвæры стыр нысантæ – теннисон культурӕ рӕзын кӕнын ӕмӕ йӕм фылдæр адæмы ргом здахын.
















