Аккаг уавæрты ахуыр кæнын Даргъ Къохы скъоладзаутæн у сæ бæллиц. Бæстыхайыл цæуы æнусæй фылдæр æмæ бындурон цалцæг нырма никуы уыд. Фарстайы тыххæй республикæйы зонынц. Ныфсытӕ дæр ма бавæрдтой, кæй йæ аиуварс кæндзысты æмæ йæ бахастой федералон программæмӕ. Фæлæ уыцы фæндтæ къухы нæ бафтыдысты. Цæуыннæ, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы.
Сывæллоны æнтыстдзинæдтæ сты йæ ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ ма суанг йе ‘мкъласонты æнтыстдзинæдтæ дæр. Ам фидарæй зонынц, ногдзинӕдтӕ базонынӕн райгуырæн скъолайӕн суанг йæ къултæ дæр æххуыс кæнынц. Уæлдайдæр та, нырыккон технологитæ æмæ спортивон инфраструктурæ кӕм ис, ахӕмтӕ.
Фæлæ нæдæр иу, нæдæр дзы иннӕ Даргъ Къохы скъолайы не ссардзынӕ. Æнæ цалцæгæй цас рæстæг сты, ууыл бирæ дзурын дæр нæ хъæуы. Уæхæдæг дæр сæ уынут. Агуыридурӕй амад хæлд къултæ, тæссаг асинтæ æмæ советон рӕстӕгджы ӕвӕрд батарейтæ. Ныййарджытæ сæ сывæллæтты ахуырмæ нал уæндынц уадзын.
Аккаг уавæртæ нæ уыдысты 90-æм азты дæр, скъолайы директор йæхæдæг куы фӕуд кодта йӕ ахуыр ацы скъолайы, уӕд. Ног бынæтты фарста рагæй сæвзæрд. Æнусæй фылдæр цы бæстыхайыл цæуы, уым абон 170 адæймагæн бынат нæ фаг кæны. Фарстайы тыххæй регионы зонынц. Федералон центрæн дæр уавæр у зындгонд. Скъола ма хаст дæр æрцыд æппæтуæрæсеон программæмæ Чернояская станицæимæ иумæ. Фæлæ, ӕппынфӕстаг, Мæздæджы бæстыхай ис, Кировы район та проектæй ист ӕрцыд. Нæ йӕм бахауд ацы аз дæр.
Бахаудзæн Даргъ Къох нацпроект «Образование»-мæ æви нæ, уымæ сæ хъус æрдардзысты Адæмон фронты уæнгтæ. Уымæй уæлдай ма, сбæлвырд кæндзысты хыгъдæй хахгонд цæмæ æрцыдысты, уый дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй ног скъолатæ аразæн ис цалдæр федералон проектмæ гæсгæ.
Ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ иумайæгæй сæхи тыхтӕй зилынц скъолайы бӕстыхӕйттӕм. Бирæ азты ма алы къуыри расидынц зиу дæр, цæмæй сывæллæттæн сæ ахуыры цыд ма къуылымпы кæна.
















