13 гектарыл чи апарахат, ахæм алæмæты фæзуат. Тымбыл хъæды Дзуармæ куыд иннæ азты, афтæ сæ кувинæгтæ æмæ мысайнæгтимæ адæм цыдысты бинонгай. Ардæм бакъахдзæф кæнæн ис æрмæст сыгъдæг хъуыдытæ æмæ зæрдæйы уагимæ. Æрмæст афтæмæй дзуар айсдзæн куывтытæ. Хетæджы Дзуары бон у æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу.
Уæвгæ, ныридæгæн ардæм канд Цæгатæй-Хуссармæ, Хурыскæсæнæй-Хурныгуылæнмæ нæ цæуынц, фæлæ æппæт дунейæ. Фæдзæхсынц ыл сæ кæстæрты, бæлццæтты, рынчынты æмæ сæ арфæйаг хъуыддæгтæ. Традицимæ гæсгæ, ам хистæртæ куывтой Хуыцау æмæ Лæгты Дзуармæ. Куырдтой хорздзинæдтæ æмæ сабырдзинад. Цæмæй не ‘фсæддонтæ фыдыбæстæмæ сæрæгас æмæ уæлахизимæ сæздæхой.
Тымбыл хъæды дзуармæ æрбацæуынæн йæхи уагæвæрд æмæ фæтк ис. Ардæм цæуын æмбæлы сыгъдæг буар æмæ аив уæлæдарæсы, хъыгагæн, алчи уыцы фæтк не ‘ххæст кæны. Кувæндонæй нæй хæссæн къалиутæ, дуртæ, дыргъ. Уый тыххæй бирæ таурæгътæ ис. Ирон адæмы уырны ацы бынаты бæлæсты сыфтæртæн дæр алæмæты тых кæй ис. Фыдæлты æгъдау та хæссынц фæлтæрæй фæлтæрмæ.
Таурæгъмæ гæсгæ, Кæсæджы цæрæг æлдарæн уыд æртæ фырты. Йæ кæстæр Хетæг райста чырыстон дин. Нал ын уыд арлæууæн йæ райгуырæн басты, йæ хистæр æфсымæрта йæ марынвæнд скодтой æмæ ралыгьд. Уыдон æй фæсте расырдтой. Хетæг фæндагыл айхьуыста уæларвон хъæлæс “Хетæг хъæдмæ, зæгьгæ, фæлæ тынг бафæллад йæ бон нал уыд хьаумæ ама сдзырдта «Хетаг хъæдмæ нал, хъæд Хетæгмæ» æмæ уыйадыл Уæлладжыры комы фахсæй хьæд сыстадис ама Хетæг кæм уыд, уым æрбынат кодта.
Куыд алы аз дæр, афтæ ацы бон Хетæджы къохмæ æрбацыд мингай адæм канд республикæйы районтæй нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æндæр регионтæй дæр. Мадзалы бацархайдтой регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло, Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, уыимæ Иры Стыр ныхасы уæнгтæ, сæ сæргъыл Уататы Зелим, афтæмæй.
















