Социалон контракт бафысгæйæ ацы аз æххуыс райстой 900 адæймаджы. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар æхцайы фæрæзтæй байгом кодта спортивон-ирхæфсæн клуб. Пейнтболæй хъазгæйæ фæсивæд райсынц тактикон зонындзинæдтæ, фæхуыздæр кæнынц сæ арæхстдзинад хæцæнгарзы алы хуызтæй æхсынæй, базонынц, æфсæддон къордты хи куыд дарын хъæуы, уый.
Цалынмæ хъазджытæ хи бахъахъхъæнæн уæлæдарæс сæхиуыл кæнынц, уæдмæ уал амонджытæ æмбырд кæнынц маркертæ. Пейнтболы хæцæнгарз кæд борæмæдзæ нæмгуытæй æхсы, уæддæр ныхмæлæууджыты хъæуы къæрцхъус уæвын. Лæмбынæг сбæрæг кæнын хъæуы туаггуыримæ балон. Ома, пейтнболы хæцæнгарз цæй фæрцы æхсы, уый. Цæмæй нæмыг цæсты ма суайа, уый тыххæй пайда кæнын хъæуы сæрмагонд фæрæзтæй. Тымбыл нæмгуытæ кæм вæййынц уый хуыйны фидера. Хъазты райдиан архайджытæ равзарынц раст бынат.
Секундмæ ратæхы 12-16 гыццыл пуртийы. Тымбылæг ныхмæллæууæгыл куы ауайы, уæд уый хъуамæ йæ къух сиса æмæ хъазтæй рахиза. Тохы быдырæй чи фæцух, уыдоны нымайынц алы раунды фæстæ. Рæдыдтытæ цæмæй ма уа, уый тыххæй сӕ ахорæнтæй фæсыгъдæг кæнынц раундты ‘хсӕн.
Хъазт райдыдта. Фæуæлахиз уыдзæн æппæты рæстдзæвиндæр командæ. 5 минуты нæма рацыд, æмæ фыццаг фæхæрд. Ахæмтæ дæр дзы ис.
Ахæм æнкъарæнтæ фӕзынд Доййаты Зелим дæр. Афæдз размæ райста 250 мин сомы социалон контрактмæ гæсгæ. Куыддæр базыдта, йæ бæллиц сæххæст кæнӕн ис паддзахадон программæй бацархайгæйæ, зӕгъгӕ, афтæ кусын райдыдта пейнтболы клубы бизнес-планыл. Зæгъы, йæ проекты фарс рахæцыдысты фæллойы министрад æмæ амалхъомадæн æххуысы фонд. Бакодтой лæвар юридикон æххуыс.
Фæцæрынæн æппынкъаддæр бæрцæй йæ æфтиæгтæ къаддæр кæмæн сты, уыдонæн фадат ис паддзахадон æххуысæй, куыд сæ фæнды, афтæ спайда кæнын. Сæйрагдæр материалон уавæр фæхуыздæр кæнын. Кæд конкуренци ис уæддæр проект йæ хæрдзтæ æмбæрзы.
Афæдзы ‘рдæгмæ санкциты аххосæй пейнтболæн нæмгуытæ фæзынаргъдæр сты 40%, маркерты аргъ та дыууæ хатты. Хъазт уæддæр не ‘нцайы æмæ дарддæр цыд кӕны.
















