Донецкы адæмон республикæйы хъæбатыры мад цæгатирыстойнаг æфсæддонтæн арвыста хъарм уæлæдарæс æмæ æфсæддон амуници. 5 азы размæ интернационалон батальон «Пятнашка»-йы къамандыгæнæг, дæлбулкъон Мамиаты Олег фæмард Донбассы сæрибардзинадыл тохгæнгæйæ.
Йæ мæлæты фæстæ йын лæвæрд æрцыд Донецкы адæмон республикæйы хъæбатыры ном. «Народный фронт. Всё для победы!» проекты фæлгæты Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонмæ Мамиаты Верæ æрæмбырд кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн хуымæтæг æмæ сæрмагонд æфсæддон уæлæдарæс, рацитæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, проекты бацархайыны бар ис алкæмæн дæр. Æфсæддонтæ гуманитарон æххуыс æмбырд кæнынц Адæмон фронты регионалон хайады, Димитровы уынджы 2-æм хæдзары.
















