Цæгат Ирыстоны хъæуы дæсныйадимæ баст низты центр байгом кæнын. Уый тыххæй социалон-фæллойадон ахастдзинæдты республикон бирæвæрсыг къамисы æмбырды фехъусын кодта дзуапдæттæг министр Тебиаты Сослан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фарстайы фæдыл хæрдзты аргъ бацæттæ кæндзысты ацы азы фыццаг кварталы, уыимæ снысан кæндзысты дохтырты хыгъд, уыдон дарддæр лӕггад кæндзысты уагдоны. Дзанайты Барис бабар кодта фарстамæ бæстон æркæсын, бамбарын ахæм центр республикæйæн хъæугæ у, æви нæ, уый. Уыимæ ма бацæттæ кæнын сæрмагонд курдиат федералон къæпхæнмæ.
Æмбырды ма фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ радзырдта 2022-æм азы сæрдыгон хидзæбæх кæнæн кампанийы хатдзæгты тыххæй. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй сывæллæтты сæрдыгон улæфтæн республикон бюджетæй рахай кодтой 180 милуан сомы. Аххæсыд 33 мин сабийыл. Уæлдай æргом здæхт цæуы, æнæ ныййарджытæй чи хъомыл кæны, се ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, стæй бирæсывæллонджын æмæ æххуысцух бинонты сывæллæттæм. Премьер бабар кодта, цæмæй ацы азы сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанимæ цæттæ кæнын райдайой ныридæгæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ сабиты нымæц фæфылдæр уа.
Уæлдай æргом – æфсæддонты, мобилизацигонд цæрджыты, Украинæйы чи фæмард, уыдоны, стæй Луганск æмæ Донецкæй сывæллæттæм, – загъта Дзанайты Барис.
















