Драматерапия – афтæ хуыйны ног программæ хъыгдард баййафæг сывæллæттимæ кусынæн. Уым семæ аразынц психологон тренингтæ, специалисттæ æххуыс кæнынц, зын уавæрты чи бахауд, уыцы сывæллæттæн алыхуызон мадзæлттæй. Сæрмагонд методикæтæм гæсгæ сæ ахуыр кæнынц ныв æмæ актеры дæсныйады сусæгдзинæдтæ гом кæныныл, стæй физикон æгъдауæй фидар уæвыныл. Гæззаты Зæринæ бабæрæг кодта центр æмæ цы федта, уый йæхæдæг радзурдзæн.
Сывæллоны хъомыладмæ æвæрæн бахæссын. Йæ ныхасыл ын бакусын. Хæларзæрдæ суæвыныл æмæ йæ æмгæртты æмбарын сахуыр кæнын. Ууыл сæ ахуыр кæнынц паддзахадон социалон лæггæдтæгæнæг куыстуаты хъомылгæнджытæ. Нæ республикæйы ахæм центртæ ис 12, фæлæ драматерапиямæ, зæгъгæ, сæ хъус аздæхтой æрмæстдæр ам. Центрмæ цæуынц 1300 чызг æмæ лæппуйæ фылдæрæй. Иу сывæллоны бон цæуын у алыхуызон хайадтæм. Ахуыртæ вæййынц дыууæ сахаты. Цы методикæмæ гæсгæ кусынц, уый нудæсæм æнусы кæрон æрхъуыды кодта италиаг ахуыргæнæг Мария Монтессорри.
Боцъоты Альбинæ: «Октябры мæйæ нырмæ кусын райдыдтам ног технологимæ гæсгæ. Хуыйны драматарепия. Хъомылады ацы хуызмæ чи рахызт,уыдоны хсæн фыццæгтæ не стæм.Фæзмæм раззагдæр регионты специалистты фæлтæрддзинад. Се нтыстдзинæдтæн сын аргъ скодтам. Уымæ гæсгæ, социалон хызты фæрцы театралон студимæ æмбырд кæнын райдыдтам сывæллæтты. Уæдæ ма æрвылаз та фæрхайæм форумты».
Драматерапияйы спайда кæнæн ис алыхуызон фæрæзтæй. Зæгъæм, куклаты театры фæрцы сæрмагонд программæтæм гæсгæ сывæллæтты ахуыр кæнынц раст дзурыныл. Сывæллæттæн амонынц артисты дæсныйад. Куклатæ адæймаджы дзыхæй сдзурынц.
Драмон къорды архайæг Давид Никогосян: «Æз ам архайын мæй дæргъы. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Уæлдайдæр та драмон æмæ мультипликацион хайады. Алы роль дæр нæ зæрдæмæ хæстæг айсæм. Иу спектаклæй иннæмæ нæ уарзон ахуыргæнæджы фæрцы хуыздæр кæны нæ арæхстдзинад».
Театралон дæсныйадмæ кæй фемхиц сты, уый сывæллæттæн стыр æххуыс у. Фæлгонцтæ аразгæйæ фæхъæздыгдæр вæййы сæ миддуне, æнцондæр сын вæййы цавæрдæр зындзинæдты сæрты ахизын.
Ацы центрыл цæууы дыууын дыууæ азы. Ис дзы драмон къорд æмæ æндæр хайæдтæ.Сывæллæтты дзы ахуыр кæнынц алыхуызон методикæтæм гæсгæ.
Фонд «Сывæллæттæн ахъаздзинад»-ы æххуысæй центры бон ссис театрæн куклатæ балхæнын. Сæ зæрды ис тагъд рæстæджы спектакль «Курочка Ряба» сæвæрын. Фидæны та ахæм куклатæ центры араздзысты сæхи къухтæй.
















