preloader
сейчас в эфире
15:38
Музыкæ 12+
Смотрите Далее
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
Куыд зæгъай, афтæ! 12+
17:20
Заманæй 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
НОВОСТИ ЮОГУ 12+
ТВ ПРОГРАММА
Музыкæ 12+
close

Дреты Будулай экстремалон уавӕрты 2 хатты фервӕзын кодта адзалӕй ӕнахъомты

16.02.2026 15:45

Йæ райсом къофийӕ нӕ, фӕлӕ аварион-ирвӕзынгӕнӕн машинӕйы гӕрзтӕ бӕрӕг кӕнынӕй райдайы.

Йæ райсом къофийӕ нӕ, фӕлӕ аварион-ирвӕзынгӕнӕн машинӕйы гӕрзтӕ бӕрӕг кӕнынӕй райдайы. Иууылдæр хъуамæ æнæфау уой. Бафæстиаты аргъ адæймаджы цардæй барст кæм цæуы, ахæм дæсныйæдтæ бирæ не сты, фæлæ æрмæст уыдоны ‘хсæн æвзæрста йæхицæн уарзондæр Дреты Будулай. “Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, цыма нӕ куысты арт ӕмӕ дон йедтæмæ ницы ис. Уый та афтæ нæу бынтондæр. Дисциплинӕ ӕмӕ иугӕндзон цӕттӕдзинадыл æнцайын”, — зæгъы ирвæзынгæнæг.

Фыццаджыдæр, фыдбылыз ма ‘руадзын. Иугæр æрцыд, уæд та, æнæмæнг, фервæзын кæнын адæймаджы. Уыдон хуымӕтӕг ныхӕстӕ не сты. Æрвылбон сæ, хиуыл нæ ауæрдгæйæ, хъуыддагæй фидар кæнын хъæуы.

Æфсады службæйы фæстæ йæ бон уыд барадхъахъхъæнæг оргæнтæм бацæуын. Фæлæ равзæрста Æнæнхъæлæджы цауты министрады спортротæ. 2017-æм азæй та кусы аварион-ирвæзынгæнæг машинæйыл. Йе ‘мкусджытимæ рацæуы фæндаггон-транспортон цаутæм.

Фарон дыууæ ӕнахъомы фервæзын кодта. Хъæхъхъаг куыдз кӕмæ лæбурдта, уыцы 16-аздзыд чызгӕн йӕ амонд уыд, æмæ Будулайыл сæмбæлд. Куысты нæ уыд уыцы бон — ӕнӕуи фæцæйцыд машинӕйыл йӕ бинойнагимæ. Сывӕллон знӕт цæрæгойы уацары куыд бахауд, уый ауыдта. Машинӕйӕ рагӕпп кодта, иуварс аласта куыдзы ӕмӕ йӕ йе ‘мкусджыты ‘рбацыдмӕ фӕдардта.

Иуахæмы та рад хæссыны рæстæг Будулай базыдта, Джызӕлдоны ГЭС-ы шлюзты цур адӕймаг кӕй ныгъуылы. Бынаты рабӕрӕг — 17-аздзыд лӕппуйы тыхджын цыд дамбæйы бынмӕ баласта. Сахатырдӕгӕй фылдӕр лӕппу йӕ фӕстаг тыхтӕй хӕцыд бетон рындзыл. Фæстиат кæнæн нæ уыд. Будулай дон-дон баленк кодта ӕмӕ сласта æнахъомы.

Æмæ уыцы æхцондзинад ницы æндæр куысты æхсызгондзинæдтыл баивдзæн. Æрæджы Дреты Будулайы схорзæхджын кодта бæстæйы Æнæнхъæлæджы цауты министр Александр Куренков. Фæлæ нæлгоймаг йӕхи хъӕбатырыл нӕ нымайы. “Уый, фыццаджыдæр, адӕймаджы хæс у”, — зæгъы ирвæзынгæнæг.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Доброе утро, Осетия! I День фотографии
19.08.2026
Что изменится в школах в новом учебном году? | Разбор полетов
18.08.2026
Æвзæрстытæм цæттæдзинад æмæ хойраджы равдыст I Йæ рæстагыл
18.08.2026
Фӕрдгуытӕ I 17.08.2026
17.08.2026
17.08.2026 | Самое время
17.08.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 11: Родовая семейная эмблема/ «Ossetica»
17.08.2026
Сауы дзуар I Кувæг Ир
17.08.2026
Марат Альборов и Альберт Назранов I Доброе утро, Осетия!
17.08.2026
Песни под звездами I Алибек Едзиев и Мурад Исматуллаев
16.08.2026
Куыд зӕгъай, афтӕ! I Цӕриаты Валерий ӕмӕ Секъинаты Альбинӕ
16.08.2026
В итоге: 16.08.2026
16.08.2026
Медикум I 16.08.2026
16.08.2026
Ретро-концерт | 16.08.2026
15.08.2026
15.08.2026 I Бинонтæ.Таратæ
15.08.2026
15.08.2026 I Кувæг Ир
15.08.2026
Все рекомендуемое