3 цæгатирыстойнаг лæппуйы сты Уæрæсейы фæсивæдон делегацийы уæнгты `хсæн æмæ архайдзысты дунеон форумы Индийы. Райдыдта абон æмæ кусдзæн 21 декабрмæ.
Цæгат Кавказы федералон зылдæй делегацимæ бахастой æрмæстдæр нæ республикæйы минæвæрттæ Итазты Лаурæйы, Хъæцмæзты Батрадзы æмæ Баскаты Тимуры. Мæскуыйы федералон структурæты кусджытæ фæсивæды æвзæрстой цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ: хъуамæ зоной фæсарæйнаг æвзаг, разæнгардæй архайой æхсæнадон царды, уыд ма сæм æндæр домæнтæ дæр. Фæсивæдон делегацийы уæнгтæ бабæрæг кæндзысты цалдæр горæты æмæ Аювердайы скъола, базонгæ уыдзысты æхсæнадон æмæ бархионты организациты куыстимæ. Фæнд кæнынц æмгуыстады бадзырдтæ бафыссын.
















