Цы тыхджын их æруарыд, уый тынг бахъыгдардта Дыгуры æмæ Æрæфы районтæ. Николаевская æмæ Дигорайы хæдзæрттæм дон бакалд. Сæрмагонд службæты кусджытæ донæй сыгъдæг кæнынц цæрджыты ныккæндтæ æмæ фæндæгтæ. Тыхджын уарынтæ стыр зиан æрхастой районты зæхкусджытæн дæр. 1000 гегктары Дыгуры æмæ 1 мин 200 гегктары та Æрæфы районы хъыгдæрд баййæфтой. Хæдзарæдты уавæр бæстонæй сбæлвырд кæндзæн сæрмагонд къамис. Ныртæккæ быдырты фылдæр хаймæ бацæуæн дæр нæй.
Уымæй уæлдай ма раивылд цæугæдон Дур-Дуркæ. Ракалд хиды сæрты. Ныртæккæ дзы æрурæдтой хæдтулгæты змæлд. Хиды фӕйнӕ фарс дæр рад хæссынц Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Сидынц шофыртæм, цæмæй æндæр маршруттæ агурой.
















