preloader
сейчас в эфире
10:03
В ОДНОЙ СВЯЗКЕ 12+
Смотрите Далее
11:20
САУТÆ, БУРТÆ,МЫДХУЫЗТÆ 12+
13:20
ИРОН И Я 12+
14:35
ПО БОЛЬШОМУ СЧЕТУ 12+
15:45
АРВАЙДÆН 12+
16:45
НЕПРИЗНАННЫЙ МАСТЕР. ЕФИМ БУТАЕВ 12+
ТВ ПРОГРАММА
В ОДНОЙ СВЯЗКЕ 12+
close

Дзæуджыхъæуы 10 къофи-хæдтулгæйы æндæр бынатмæ ахастой

6.07.2021 16:07

Къофи чи уарзы, уыдон цалдæр боны дæргъы сæ хъус дарынц зæрдæмæдзæугæ цыминагимæ баст хабæрттæм. Иуæй-иу къофи-хæдтулгæтæ æндæр ранмæ ахастой, иннæты куыст та бынтондæр баурæдтой. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй сæ фылдæр хъыгдарынц фæндаджы уагæвæрд. Амалиуæггæнджытимæ фембæлд Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.

Къофи чи уарзы, уыдон цалдæр боны дæргъы сæ хъус дарынц зæрдæмæдзæугæ цыминагимæ баст хабæрттæм. Иуæй-иу къофи-хæдтулгæтæ æндæр ранмæ ахастой, иннæты куыст та бынтондæр баурæдтой. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй сæ фылдæр хъыгдарынц фæндаджы уагæвæрд. Амалиуæггæнджытимæ фембæлд Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.


Эспрессо, американо, раф. Дзæуджыхъæуы уынгтыл бынæттон цæрджытæ æмæ республикæйы уазджытæн сæ бон у равзарын алы хуызы къофи дæр. Хæрздæф цыминаг чи райсомæй айсы йемæ куыстмæ цæугæйæ, чи та къофи-хæдтулгæйы рæзты изæрыгон ракæны йæ фæндаг. Адæмæн ис уарзон бынæттæ дæр – къофи дзы хæрзаддæр вæййы, зæгъгæ. Фæлæ, зæгъæм, Горькийы уынгыл ныртæккæ уыцы гæнæнтæ нæй. Къофи-хæдтулгæ айстой. Растдæр зæгъгæйæ та, йæ æндæр бынатмæ ахастой æмæ æрбынат кодта Сæйраг паркмæ хæстæгдæр. Йæ раздæры бынат хæдтулгæтæ лæууыны фæтк хæлдта. Уый, прокуратурæйы амынддзинадмæ гæсгæ, сбæрæг кодтой паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Иуæй-иу къофи-хæдтулгæтæн суанг сæ куыст дæр баурæдтой. Афтæ Коцойы-фырты номыл уынджы, фысымуат «Владикавказ»-ы цур дæр.

Æдæппæтæй сæ бынæттæй айстой 10 къофи-хæдтулгæйы. 5 дзы сæ куыст æндæр бынатмæ ахастой. Уыцы ивддзинæдтæ Дзæуджыхæуы цæрджытæ уайтагъд бафиппайдтой.

Амалиуæггæнджыты бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимур куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы хъуыддаг у рæстæгмæ.

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав фембæлд къофи-хæдтулгæты хицæуттимæ æмæ ныхас кодтой ахæм хуызы амалхъомадæн æдас бынæттæ ссарыныл. Фæлæ ног бынæттæ алкæй зæрдæмæ нæ цæуынц.

Дзæуджыхъæуы администрацийы фарстайыл кусынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй амалиуæггæнджытæн, æнæмæнг, баххуыс кæнындзысты.

Дзæуджыхъæуы администраци зæрдæ бавæрдта, амалхъомтæй алкæмæдæр байхъусыны фæстæ кæй æрцæудзысты иумæйаг хъуыдымæ. Уæд сæ бон суыдзæн сæ куыст дарддæр æххæст кæнын.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Гуырмехан | Кувæг Ир
31.10.2026
Тамерлан Тменов I По большому счету
30.10.2026
Хæдзарадон I 30.10.2026
30.10.2026
Йæ рæстæгыл I Мæхæмæтты Ахуырбеджы мысæн мадзал, Мерденты Хъайсыны номарæн æмæ фестиваль «Алтын Майдан-Алания»
30.10.2026
Между двумя мирами I ДОК
30.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 30.10.2026
30.10.2026
Тактика I 29.10.2026
29.10.2026
Подробнее I 29.10.2026
29.10.2026
Самое время I Операции на открытое сердце в республике; реабилитация участников СВО и актуальные новости недели
29.10.2026
29.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
29.10.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон ! I 29.10.2026
29.10.2026
Заур Цоков I Истории из жизни
28.10.2026
Диана Худалова | Дело мастера
28.10.2026
Межконфессиональные отношения I Национальные интересы
28.10.2026
28.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
28.10.2026
Все рекомендуемое