Республикæйы скъолатæ цæттæ кæнынц ног ахуыры азмæ. Ивынц коммуникацитæ, базылдысты æддаг бакаст æмæ мидæггаг къултæм. Цæлцæгæнæн куыстытæ сæххæст кодтой афойндыл.
Ног ахуыры азмæ цæттæдзинад сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы 3-æм скъолайы. Сæххæст кодтой цалцæггæнæн куыстытæ, базылдысты йын йе ‘ддаг бакастмæ дæр. Сног кодтой ахуыргæнæн уæттæ, хæрæндон æмæ спортивон зал. Баивтой хъармгæнæн хæтæлтæ.
Цалцæггæнæн куыстытæ ацыдысты 27 скъолайы дæр. Скъолайы зынгсирвæзты ныхмæ сæрмагонд мадзæлттæ кæй нæ уыд, уый тыххæй сын уалдзæджы зынгсирвæзтытæм цæстдарды службæйæ радтой сæрмагонд барфыст.
4-æм сентябры Цæгат Ирыстоны ахуырдзаутæ бахиздзысты аив æмæ зылд скъолаты къæсæртæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, нæ республикæйы ацы аз æдæппæтæй скъоламæ бацæудзысты 93 969 скъоладзауы. Уыдонæй 10 608 — бацæудзысты 1-æм къласмæ. Фаронимæ абаргæйæ, фыццæгæм къласонты нымæц у 600 адæймаджы фылдæр.
















