Фæндзæм гимназы ахуырдзаутæн радзырдтой социалон хызæгты хи æдасæй дарыны тыххæй. Урок ацыд ахуырады министрад æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы управленийы амынддзинадмæ гæсгæ «Цифровой ликбез», зæгъгæ, æппæтуæрæсеон проект æххæстгæнгæйæ.
Ныхас ма цыд интернеты тыгъдады ардауæн, æфхæрæн æмæ цъыфкалæн митæ чи кæны, уыдоны ныхмæ мадзæлттыл. Уæлдай æргом аздæхтой цæстфæлдахæн митæм. Бæстонæй раиртæстой хи тыххæй информаци хъахъхъæнынад.
Фембæлд ацыд комкоммæ ныхасы хуызы. Сывæллæттæ æхсызгонæй лæвæрдтой сæ фæрстытæ. Ахæм уроктæ аразынвæнд кæнынц арæхдæр.
















