2022 азы 22-æм февраль. Ацы бон се ‘мкъайад сфидар кæнынмæ бæллыдысты бирæ адæм.
Дзæуджыхъæуы æмкъайад фидаргæнæн хайадмæ абон æдæппæтæй æрбацыдысты 38 цардæмбалы. ЗАГСы кусджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ацы бонмæ суанг афæдз раздæр райдыдтой бынат ахсын. Бафтыдтой ма уый, æмæ республикæйы иу бонмæ уый бæрц адæм фыццаг хатт кæй сфидар кодтой сæ къайад.















