Горæты санитарон уавæрыл æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы аппаратон æмбырды. Милдзыхты Вячеслав арæзт куыстыты хыгъдлæвæрд бацагуырдта, баргонд кæмæн уыд, уыцы структурон дæлхайæдтæй. Администрацийы сæргълæуæджы хадивæг Гæбæраты Мурат куыд зæгъы, афтæмæй быроны контейнерты бынат аивыны фарста ма у ахсджиаг цалдæр уынджы. Уыдон сты Гæдиаты, Ленины æмæ Æрдоны номыл уынгтæ.
Милдзыхты Вячеслав бафиппайдта, тротуартæ сæлынмӕ уадзӕн кæй нæй, уый. Фæнысан кодта, бордюрты алыварсы фарста дæр райхалинаг кæй у, уый. Сæрмагонд хъус дарынц горæты аивдзинадмæ.
Администрацийы сæрдар зæрдыл æрлæууын кодта, куыстытæ бæстон арæзт кæй хъуамæ цæуой, уый. Фæнысан кодта, æбæрнон дзуапдæттæг кусджыты тыххæй цæрджытæ хъуамæ ма тыхсой.
















