Афойнадыл медицинон æххуыс бакæнын, æмæ афтæмæй адæймаджы фервæзын кæнын. Ныр ахæм зонындзинæдтæй спайда кæнын арæхсынц республикæйы фыццаг æххуысы чемпионаты скъоладзаутæ æмæ студенттæ. Бацæттæ йæ кодтой сырх кресты уæрæсейаг хайад. Мадзалы тыххæй бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Зæрдæйæн массаж раст скæнын æмæ, афтæмæй адæймаджы фервæзын кæнын. Чемпионаты фæтк хæстæг у æцæг уавæртæм. Архайджытæн ис 4 минуты æрныхас кæнынæн. Уый фæстæ хъуамæ хæслæвæрдтæ сæххæст кæной. Уавæрмæ гæсгæ равзарынц, сæрмагондæй цавæр æххуыс бакæнын хъæуы адæймагæн, уый.
Чемпионаты программæйы ис 1 тематикон 4 та — практикон хæслæвæрдтæ. Æрæджы ма федералон проектмæ гæсгæ дæсныйад æвдисæн ахуырты бацархайдтой æппæт республикæйæ сæдæ архайæгæй фылдæр. Ныр равдыстой цæуыл сахуыр сты, уыцы сусæгдзинæдтæ.
Ерыстæ цыдысты дыууæ боны: фыццаг скъоладзаутæ, уый фæстæ студенттæ. Ахæм чемпионат республикæйы арæзт æрцыд фыццаг хатт. Фæнд æй кæнынц æрвылазон саразын.
















