Гуæцæлты Хадзымурат сси Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ног тренеры снысан кодта спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм раздæр сæйраг тренеры бынат ахста Тедеты Дзамболат.
















