Дзæуджыхъæуы коронавирусы ныхмæ тох кæныны рæстæг алывæрсыг æххуыс кæнынц. Социалон æгъдауæй æфхæрд чи баййæфта, уыцы адæмæн æххуыс кæнынц. Ныридæгæн уал 1800 æххуысцух бинонтæй фылдæрæн байуæрстой хойрæгтæ. Дезинфекци кæнынц бирæуæладзыгон хæдзæрттæ дæр.
Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйад ацы мадзæлттæн радих кодта 65 тоннæйы бæрц спирт. Дзæуджыхъæуы сывæллæтты дыууæ рæвдауæндонмæ ма ноджы дæр бафтыдтой. Бæстыхæйттæ хауынц муниципалон скондтæм. Æртæ азы кæуыл нæма сæххæст, ахæм 100 сывæллонæн дзы фæзындзæн бынæттæ. Бæстыхай исбонадмæ бахæссыны фæткыл дæр æрдзырдтой. Абоны онг, хи куыстуæттæ кæмæн ис, уыдон хаццон нæ фиддзысты 3 мæйы бæрц.
















