Коронавирусы аххосæй Цæгат Ирыстоны фæмард 4 адæймаджы. 6-æм апрелы Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындонмæ баластой 57 аздзыд сылгоймаджы.
Вирусæй уæлдай ма йæм рабæрæг кодтой рæуджыты низ. Йæ зæрдæ рысти, улæфт ын нæ фаг кодта. 9-æм апрелы йæ схуыссын кодтой реанимацион хайады. Бахъуыд æй улæфæн аппарат дæр. Дохтыртæ йын æххуыс кодтой, фæлæ сылгоймаг хуыздæр нæ кодта æмæ афтæмæй знон йæ цардæй ахицæн.
















