Дзæуджыхъæуы ацыд наркотикты ныхмæ къамисы æмбырд. Бацархайдтой дзы куыстадон къорды архайджытæ сæрмагонд уагдæтты минæвæрттæ æмæ ахуырады управленийы уæнгтæ. Амыдта йæ Сæлбиты Зитæ. Бакастысты сæрмагонд разныхæстæ. Фæнысан кодтой уагдæтты наркотикон буаргъæдтæй чи пайда кæны, уыдоны психологон иртæстытæ. Республикæйы наркодиспансеры сæйраг дохтыр радзырдта, æнæ дохтыры амындæй сæрымагъзыл чи ахады, ахæм буаргъæдттæ цы хосты ис, уыдоны тыххæй.
Сæйраг нысан — наркотиктæ парахат кæнын ма руадзын скъоладзаутæ æмæ студентты ‘хсæн. Уый тыххæй та, ноджы фылдæр цæттæ кæнын хъæуы сæрмагонд басгæрстытæ. Се ‘руаджы æнтысдзæн бæрæг кæнын фæсивæды ‘хсæн наркотиктæ чи парахат кæны, уыдоны. Ахсджиаг у æмбарын кæнын, цы зиан хæссынц, уый.
















