Ноджы ма иу арт-объект срæсугъд кодта Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу. Нарты Кадджыты бындурыл ныв фæзынд Доваторы номыл уынджы бирæфатерон хæдзары къулыл. «Уырызмæг, Сатана æмæ Сосланы» сурæттæ снывæфтыд кодтой гранты фæрæзты руаджы.
Уый къухы бафтыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм федералон ерысы æнтысджын архайды фæрцы. Сæрмагонд сайты цæрджыты хъуыд Нарты Кадджыты 5 нывæй равзарын. Афтæмæй, фылдæр хъæлæстæ разынд Хъаныхъуаты Умары куыстæн.
Проект цардмæ рауадзыныл бацархайдта нывгæнæг Цæгæраты Давид. Йæ куысты спайда кодта сæрмагонд ахорæнтæй. Сæ фæрцы 10 азы дæргъы ныв йæ хуыз нæ сивдзæн.
















