Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджыты арæх бахъæуы сæ фатермæ фистæгæй схизын. Йæхи схæссыны фаг тыхтæ кæмæ нæй, уыдонмæ ма арæх вæййы хызынтæ дæр. Афтæмæй сын сæ цæрæнбынатмæ бафтын хъаймæтæй хъауджыдæр нал вæййы. Мæскуыйаг уынджы бирæфатерон хæдзæрттæй иуы лифт кусгæ бæргæ кæны, фæлæ дзы уæладзгуыты ‘хсæн ныссæдзынæй тæссаг у.
“Куы кусы — куы нæ, æмæ афтæ алы бон!”, — зæгъы Хекъилаты Эльзæ. Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг уынгыл 17-æм хæдзары цæры æнусы ‘рдæгæй фылæр. Лифт хорз куыста, зæгъгæ, уый нæ хъуыды кæны. Æмæ та 85-аздзыд сылгоймаг æстæм уæладзыгмæ асинтыл хæрдмæ хизынтæ байдайы. Уæлдай хатт сыгъдæг уæлдæфмæ дæр нæ рахизы. Уыйбæрц хъару кæм ис ацæргæ адæймагмæ? Куы скусы лифт, уæд та кæдфæнды æмæ цыфæнды ран дæр фæсыкк вæййы.
Хæстæг рæстæг хъуамæ фарста иуварсгонд æрцæуа. Ацы аз бирæфатерон хæдзар бахастой бындурон цалцæджы программæмæ. Ивд цæуынц 25 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы лифттæ. Куыстытæ цæуынц Весенняя, 19 æмæ Барбашовы уынгыл 43-æм хæдзары дæр. Ногтæ дзуапп дæттынц æппæт нырыккон домæнтæн.
Æдæппæтæй ацы аз баивынвæнд кæнынц 102 лифты 34 бирæфатерон хæдзары. “Куыстытæ афоныл, фæстиуæг — хæрзхъæд”, — зæрдæ ‘вæрынц бæрнады.
2018-æм азæй республикæйы баивтой 334 лифты. Программæмæ куыд фылдæр хæдзæрттæ бахæссыныл кусынц æрвылаз.
















