Сывæллæтты дыккæгæм поликлиникæ сцалцæг кæндзысты “Дæргъвæтин æмæ активон цард” нацпроектмæ гæсгæ. Ныр та уал чысыл пациенттæ медицинон æххуыс исынц раздæры бирæвæрсыг центры бæстыхайы. Рæстæгмæ кабинетты специалистты æркастæн алцыдæр ис. Уавæртæ бынаты федта нæ уацхæссæг.
Фыццæгæм февралæй раздæры бирæвæрсыг центры æрбынат кодта сывæллæтты дыккæгæм поликлиникæ. Специалистты уавæртæ ныртæккæ сæ хуыздæртæй не сты, фæлæ уый сæ лæггæдты хæрзхъæддзинадыл нæ зыны. Кусынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Чысыл пациентты исынц дыккæгæм æмæ æртыккæгæм уæладзгуыты. Тыргътæ ныддих кодтой рæстæгмæ кабинеттыл. Ифтонггонд сты æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй. Гæнæнтæ бынтон парахат не сты, фæлæ дзы медицинон æххуыс райсæн ис.
Куыд алы хатт афтæ ныр дæр лæггæдтæ æмбæлгæ æмвæзадыл райстам. Æрбацыдыстæм, дохтыр нæ федта. Ницы ивддзинад æрцыд. сæ куыст куыд æмбæлы афтæ кæнынц.
Алцыдæр æрбацæуджыты удæнцойæн. Ныййарджытæ дохтырты куысты фæткыл ахуыр уыдысты æмæ цæмæй ма стыхсой, уый тыххæй нысангонд ранывæст ныууагътой, радзырдта педиатрон хайады разамонæг Чочиты Еленæ. Бонмæ поликлиникæ райсы 500 адæймаджы онг. Дохтырмæ хæдзармæ чи фæдзуры, уыдоны нымæц та схизы 800-мæ. Уæлдайдæр ныртæккæ низ куы стыхджын, уæд.
Сывæллæтты дыккæгæм поликлиникæ цалцæг кæнынц “Дæргъвæтин æмæ активон цард” нацпроектмæ гæсгæ. Рацарæзтмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Участочы педиатр Лаура Асланова ам кусы 40 азæй фылдæр. Институты фæстæ æрбацыд. Куыд зæгъы, афтæмæй коллектив сæ уавæртæ кæй фæхуыздæр уыдзысты, ууыл цин кæнынц.
Мæ куыст æмæ сывæллæтты бирæ уарзын. Се ппæты дæр мæхи хонын. Участочы иууылдæр цыма мæ бинонтæ сты, афтæ. Ныртæккæ нæ уавæртæ уæззау сты, фæлæ банхъæлмæ кæсдзыстæм. æрмæст курæм, цæмæй нын нæ поликлиникæ тагъддæр сцæттæ кæной. Сывæллонмæ бæстон æркасты рæстæг хатгай хъæлæбайæ стыхсæм. Фæтæрсæм исты ахсджиаг æууæл куы нæ бамбарæм, уымæй.
Чысыл пациентты сæ ныййарджытимæ рæстæгмæ къуылымпыдзинæдтæ нæ тыхсын кæнынц. Уавæр æмбарынц. Æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц ноггонд бæстыхаймæ. Ныр та уал æппæт процедурæтæ цæуынц ам. Æрмæст рентгенæй фæстæмæ. Куы бахъæуы, уæд дохтыртæ раттынц формæ 57 æмæ пациенты арвитынц сывæллæтты рынчындонмæ. Уым æппæт лæггæдтæ райсынц лæвар.
















