Парапеттæ иууылдæр ивд æрцæудзысты. Сараздзысты сæ архитектурон бетонæй. Афтæ йæ фæллад уадзынмæ чи æрбацæуа, уыдонмæ Терк хуыздæр зындзæн. Брусчаткæ уыдзæн иу хуыз, цæмæй дзы цæст ма фæлмæца. Бандæттæ æмæ бырондæттæ дæр уыдзысты иу стилистикæйы арæзт. Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ дзурынц, Терчы былгæрон тагъд рæстæджы йæ хуыз кæй скалдзæн, уый. Ацы бынат у горæты сæйрагдæртæй иу. Территори ноггонд нæ уыд дæсгай азты. Ацы афæдз куыстытæ райдыдтой цæрджыты хъæппæрисмæ гæсгæ. Уыдон сæхæдæг равзæрстой ацы бынат, цæмæй аивгонд æрцæуа.
Парти “Иугонд Уæрæсе”-йы минæвæрттæ горæты администрацийы уæнгтимæ иумæ федтой “Городская среда” проектмæ гæсгæ, цы бынатмæ зилынц, уый. Уæлдай æргом здæхт цæуы цы æрмæджытæй пайда кæнынц, уыдоны хæрзхъæддзинадмæ.
Ныридæгæн баивтой рухсгæнæнтæ, асфальты бæсты дзы фæзынд брусчаткæ. Гагарины уынджы скверы та бырон æмæ зайæгойтæй ныссыгъдæг кодтой, сывæрдтой бандæттæ, фæлæ рухсимæ фарста иуварсгонд нæма æрцыд – изæрыгон дзы вæййы талынг. Администрацийы минæвæрттæ ныфс бавæрдтой фарста хæстæг рæстæг лыггонд кæй æрцæудзæн, уымæй. Проект “Городская среда” у “Иугонд Уæрæсе”-йы адæмон программæйы хай. Æххæстгонд цæуы 2017-æм азæй фæстæмæ. Уыцы æмгъуыдмæ йæ фæлгæты базылдысты дæсгай кæртытæ æмæ æхсæнадон бынæттæм.
















